16 Ӕлхӕды ӕвдисӕндартӕ Нериайы фырт Барухмӕ радтон ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скуывтон:
О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?
ӕмӕ сӕ радтон Нериайы фырт Барухмӕ, Махсейы фырты фыртмӕ. Уыцы рӕстӕг нӕ разы уыдысты мӕ фыды ’фсымӕры фырт Ханамел, ӕлхӕды ӕвдисӕндартыл сӕ къухтӕ чи бафыста, уыцы ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ, хъахъхъӕнджыты кӕрты цы иудейӕгтӕ бадти, уыдон иууылдӕр.
Мӕнӕ цы загъта пехуымпар Йеремиа Нериайы фырт Барухӕн, Иудейы паддзах, Иосиайы фырт Иоакимӕн, йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм аз уый уыцы ныхӕстӕ тухгӕ чиныджы куы ныффыста, уӕд: