Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 31:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ардыгӕй цӕссыгкалгӕ цыдысты, фӕлӕ сӕ ныр Мӕхӕдӕг басабыр кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ, кӕуыл нӕ фӕкӕлдзысты, уыцы раст фӕндагыл цӕугӕдӕттӕм акӕндзынӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Израилы фыд, Мӕ фыццаг зӕнӕг Ефрем у!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 31:9
43 Iomraidhean Croise  

Давид ӕппӕт адӕмы раз раарфӕ кодта Дунедарӕгӕн. Скуывта: «Арфӕгонд у мыггагӕй-мыггагмӕ, Дунедарӕг, нӕ фыдӕл Израилы Хуыцау!


Цӕмӕй Дӕ уарзон адӕм сӕрӕгасӕй баззайой, уый тыххӕй сӕ фервӕзын кӕн Дӕ рахиз къухы хъомысӕй! Ратт мын дзуапп!


Денджызты сӕрмӕ ӕрӕвӕрдта зӕхх, дӕтты сӕрмӕ йӕ ’рфидар кодта.


Ӕмӕ-иу уӕд ды фараонӕн зӕгъ, афтӕ, дам, зӕгъы Дунедарӕг: „Израил Мӕ фырт у, Мӕ хистӕр зӕнӕг.


Куырмыты акӕндзынӕн, нырмӕ кӕй нӕ зыдтой, ахӕм фӕндагыл, ӕнӕзонгӕ фӕндӕгтыл сӕ акӕндзынӕн. Сӕ размӕ сын тар ныррухс кӕндзынӕн, сӕ фӕндӕгтӕ сын слӕгъз кӕндзынӕн. Гъе афтӕ сыл ауддзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн.


Кад Мын кӕндзысты тугдзых сырдтӕ, мӕрдтыбирӕгътӕ ӕмӕ страустӕ, уымӕн ӕмӕ сыгъд быдыртыл рауадздзынӕн цӕугӕдӕттӕ, цӕмӕй Ме ’взӕрст адӕмы бафсадон донӕй.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау, йе Сфӕлдисӕг: «Мӕ адӕм цы бауыдзысты, уый тыххӕй Мӕ цы фӕрсут ӕмӕ Мын цы амонут, Мӕхи сфӕлдыстӕн цы кӕнон, уый?


Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ адӕмӕн айгӕрдут фӕндаг! Айгӕрдут ӕмӕ йӕ слӕгъз кӕнут, иунӕг цӕлхдур дӕр ыл ма ныууадзут!»


Денджызы бынты акодта Йӕ адӕмы, ӕмӕ сӕ къах дӕр никуы скъуырдтой, раст цыма бӕх тыгъд быдыры фӕцӕйцыд, уый хуызӕн.


Фӕлӕ Ды куы дӕ нӕ Фыд! Авраам нӕ зоны мах, Йаков дӕр — афтӕ. О Дунедарӕг, Ды дӕ нӕ Фыд! Дӕ ном мыггагмӕ дӕр у «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг».


О, фӕлӕ, Дунедарӕг, Ды нӕ Фыд дӕ! Мах ӕлыг стӕм, Ды та — не Скӕнӕг. Скодтай нӕ Дӕхи къухтӕй.


Ӕз загътон: «Мӕ фыртыл дӕ куыд банымайон? Бӕллиццаг бӕстӕ, адӕмты хуыздӕр исбон, дӕуӕн куыд раттон? Ӕз ӕнхъӕлдтон, схондзынӕ мӕ дӕ Фыд, гадзрахатӕй Мыл нӕ рацӕудзынӕ.


Ныр та Мӕм дзурыс: «О мӕ Фыд, ме ’взонджы бонты Зондамонӕг!


«Ау, Ефрем Мӕ зынаргъ фырт нӕу? Ау, Мӕ уарзон хъӕбул нал у? Фыдбылызтӕ йын арӕх ӕвзарын кодтон, фӕлӕ Мӕ рох нӕу. Мысын ӕй, ныххатыр ын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕ, кӕугӕйӕ, Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, агурӕг ацӕудзысты.


Уый зӕдимӕ хӕцыд ӕмӕ фӕуӕлахиз, лӕгъстӕ йын кодта, йӕ цӕссыг калгӕйӕ. Дунедарӕг ӕй ссардта Вефилы ӕмӕ уым ныхас кодта немӕ.


Уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ ӕрцагурдзысты Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, стӕй сӕ паддзах Давиды. Фӕстаг заманы Дунедарӕджы раз аргъуыц кӕнын райдайдзысты ӕмӕ Йын Йӕ хорзӕх агурдзысты.


Ӕз Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ кувӕг зӕрдӕтӕ ратдзынӕн. Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты ӕмӕ Йыл, иунӕг фырты, фыццаггуырды мардыл куыд фӕхъыг кӕнынц, афтӕ ныккӕудзысты.


Иу Фыд нӕй не ’ппӕтӕн дӕр? Иу Хуыцау нӕ не сфӕлдыста? Уӕдӕ кӕрӕдзиуыл сайдӕй цӕмӕн цӕуӕм, цӕмӕн халӕм нӕ фыдӕлты фидыд?


Ефремы ’фсад йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕнӕд ныгуылӕнӕрдыгӕй; Ефремы байзӕддӕгты фӕтӕг — Елишама, Аммиуды фырт.


Иоанн уыди, пехуымпар Исайа рагагъоммӕ афтӕ кӕй тыххӕй загъта: «Ӕдзӕрӕг быдыры хъуысы фидиуӕджы хъӕлӕс: „Ӕрцӕттӕ кӕнут Бардарӕгӕн фӕндаг, сӕмраст Ын кӕнут Йӕ цӕуӕнтӕ“».


Тӕхудиаг сты кӕуджытӕ — Хуыцау сӕ барӕвдаудзӕн.


Кувгӕ та кӕнут афтӕ: Нӕ Уӕларвон Фыд! Кадджын уӕд Дӕ ном!


Тӕхудиаг стут, абоны ӕххормӕгтӕ, — Хуыцау уӕ бафсаддзӕн. Тӕхудиаг стут, абон кӕугӕ чи кӕны, уыдон, — сымах худдзыстут.


Ӕмӕ нӕм Сыгъдӕг Уд дӕр ӕрцӕуы ӕххуысмӕ, уымӕн ӕмӕ мах стӕм лӕмӕгъ ӕмӕ нӕ зонӕм, цӕй тыххӕй ӕмӕ куыд кувын хъӕуы, уый. Уӕд Уд Йӕхӕдӕг мах тыххӕй Хуыцауӕй фӕкуры, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм сулӕфтытӕй.


Ӕз сымахӕн уыдзынӕн Фыд, сымах та уыдзыстут Мӕ фырттӕ ӕмӕ Мӕ чызджытӕ, — зӕгъы Ӕппӕтылхӕцӕг Дунедарӕг».


Сымах Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, байзӕддаг стут ӕмӕ сау дарыны нысанӕн ма лыгтӕ кӕнут уӕ буар, уӕ ныхы сӕрмӕ булкъдаст ма кӕнут уӕ хил.


Ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕсӕр адӕм, Дунедарӕгӕн афтӕ фидут Йӕ хӕрзтӕ? Ӕви Уый уӕ Фыд, уе Сфӕлдисӕг нӕу? Ӕви уӕ Уый нӕ равзӕрын ӕмӕ нӕ рантысын кодта?


Раст фӕндагыл цӕут, цӕмӕй, къуылых чи у, уый ноджы тынгдӕр ма ныкъкъӕдз уа, фӕлӕ сдзӕбӕх уа.


уӕлӕрвты кӕй нӕмттӕ фыст ӕрцыдысты, уыцы фыццаггуырд хъӕбулты Аргъуанмӕ, алкӕмӕн дӕр Тӕрхонгӕнӕг Хуыцаумӕ, алцӕмӕй дӕр ӕнаипп чи сси, уыцы рӕстгӕнджыты удтӕм,


Йӕ зӕххон буары ма куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй, ӕмӕ Йӕ Уый фехъуыста, аргъуыц Ын кӕй кодта, уый тыххӕй.


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ акӕндзӕни царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan