Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 31:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Кардӕй чи аирвӕзт, уыцы адӕм хорзӕх ссардтой ӕдзӕрӕг быдыры. Ӕз ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ басабыр кӕндзынӕн Израилы».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 31:2
32 Iomraidhean Croise  

Цин кӕнӕд уӕларв иууылдӕр, цинӕй райӕд зӕхх; ныннӕрӕд денджыз ӕмӕ, йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон;


ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕй ӕвгъӕдгӕс кӕмӕн уат, уыдонӕн-иу сӕ лӕппуты амарут, чызджытӕ та цӕрӕнт».


Уӕд фараон бардзырд радта йе ’ппӕт адӕмӕн: «Дзуттӕгтӕн-иу сӕ ноггуырд лӕппуты Нилы доны баппарут, чызджытӕ та уадз ӕмӕ цӕрой».


Рамсесӕй Суккотмӕ фистӕгӕй чи араст ис, уыдон, сабитӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ мин лӕджы бӕрц.


Рацыди дзӕвгар рӕстӕг. Мысыры паддзах амарди. Израилӕгтӕ сӕ уӕззау куыстӕй ӕнцой нӕ зыдтой, ӕрдиаг кодтой, ӕххуысмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ сӕ хъӕрзын Хуыцаумӕ фехъуысти.


Дунедарӕг ын дзуапп радта: «Ӕз Мӕхӕдӕг цӕудзынӕн уемӕ ӕмӕ дын ӕххуыс кӕндзынӕн».


ӕмӕ сын загътой: «Дунедарӕг уӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд, фараон ӕмӕ нӕ йӕ дӕлдӕртӕн кӕй сӕнӕуынон кодтат, уый тыххӕй! Кард сын радтат сӕ къухмӕ, цӕмӕй нӕ амарой».


Ацу ӕмӕ Йерусалимы хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕз хъуыды кӕнын, де ’взонджы бонты Мыл куырдуаты бадӕг чызгау ӕнувыд кӕй уыдтӕ, уый, ӕдзӕрӕг быдырмӕ, ӕнӕконд зӕхмӕ, рацыдтӕ Мӕ фӕдыл.


Акӕндзынӕн уӕ, адӕмты ’хсӕн цы ӕдзӕрӕг быдыр ис, уырдӕм ӕмӕ уын лӕгӕй-лӕгмӕ тӕрхон кӕндзынӕн.


Зӕрдӕхӕларӕй, уарзгӕйӕ сӕ размӕ кодтон. Сӕ бӕрзӕйӕ сын се ’фсондз систон, ӕргуыбыр сӕм кодтон, цӕмӕй сӕ бафсадон, уый тыххӕй.


Араст сты Дунедарӕджы хохӕй ӕмӕ ӕртӕ боны фӕцыдысты. Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕртӕ бонцауы раздӕр цыди сӕ разӕй, цӕмӕй сын, ӕхсӕв кӕм ӕрлӕууой, уыцы бынӕттӕ амона.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг: «Дӕ хатырӕй сын барын.


Ӕрцӕут Мӕм, йӕ уӕззау уаргъӕй чи сфӕлмӕцыд, уыдон, ӕмӕ уын Ӕз ратдзынӕн ӕнцой.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕуы уӕ разӕй ӕмӕ хӕцдзӕн уӕ фарс, Мысыры, уӕ тӕккӕ цӕсты раз, куыд хӕцыд, афтӕ.


Афтӕмӕй Уый та уӕ разӕй цыди, сымахӕн рӕсӕнуӕттӕ агургӕйӕ: ӕхсӕв — арты хуызы, раст фӕндаг уын куыд амона, бон та — ӕврагъы“.


Нырма нӕ бацыдыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй дӕтты, уыцы ӕнцойады бынатмӕ, уӕ зӕххы хаймӕ.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, арфӕ ракодта сымахӕн уӕ алы хъуыддаджы дӕр. Уый уын уӕ фӕндаджы хабӕрттӕ хорз зоны ацы ӕгӕрон ӕдзӕрӕг быдыры. Ныр дыууиссӕдз азы дӕргъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис, ӕмӕ сымах хъуаг ницӕмӕй ӕййафут“.


Уӕ фыдӕлтӕ кӕй никуы зыдтой, уыцы маннӕ уын хӕрын кодта ӕдзӕрӕг быдыры, цӕмӕй уӕ сӕрныллӕг скӕна, бафӕлвара уӕ ӕмӕ уын уый фӕстӕ хорздзинад ракӕна.


«Дунедарӕджы цагъар Моисей уын афтӕ куы дзырдта, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн ӕнцой ӕрхаста, ацы зӕхх уын радта, зӕгъгӕ, уӕд уын цы бафӕдзӕхста, уый уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan