Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 31:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ Сионы хохыл сӕ цины хъӕртӕ хъуысдзысты; цин кӕндзысты, Дунедарӕг сын парахатӕй кӕй ратдзӕн, уыдӕттыл: мӕнӕу, сӕн ӕмӕ сойыл, фыстӕ ӕмӕ галтыл. Сӕ удтӕ дидинӕгкалӕг дыргъдоны хуызӕн суыдзысты, сӕ хъизӕмарӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 31:12
35 Iomraidhean Croise  

Сымах уыдзыстут, йӕ сыфтӕр кӕмӕн азгъӕлы, уыцы тулдзау, донӕфсӕст чи нӕу, уыцы къохау.


Дунедарӕг сӕрибар кӕмӕн радта, уыдон здӕхдзысты уыцы фӕндагыл Сионмӕ. Азӕлдзӕн дардыл сӕ цинхъӕр, мыггагмӕ сӕ цӕстытӕй ивылдзӕн цин. Алцӕмӕй уыдон уыдзысты райгонд, ферох кӕндзысты сӕ хъыг ӕмӕ маст.


Дунедарӕг кӕй ссӕрибар кӕна, уыдон цингӕнгӕ ӕрбаздӕхдзысты Сионмӕ, ӕнусон цин ӕнхъӕвздзӕни сӕ сӕрмӕ. Цинӕй райдзысты, мӕт ӕмӕ хъынцъымӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн.


Дӕ хъахъхъӕнджытӕ сӕ хъӕлӕсы дзаг цинхъӕр кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй уынынц, Дунедарӕг Сионмӕ куыд ӕрбаздӕхы, уый.


Уӕдӕй фӕстӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, ӕдзухдӕр цӕудзынӕн уӕ разӕй. Сыгъд быдыры-иу уӕ бафсаддзынӕн, дӕтдзынӕн уын хъару. Ӕмӕ уӕд суыдзыстут донӕфсӕст дыргъдон ӕмӕ ӕнӕбайсысгӕ суадонау.


Дӕ рухс никуыуал ахуысдзӕн, хур ӕмӕ мӕйы аныгуылды фӕстӕ куыд вӕййы, уыйау, уымӕн ӕмӕ дын Дунедарӕг уыдзӕни мыггагмӕйы рухс, ӕмӕ дӕ саударӕн бонтӕн ӕрцӕудзӕн кӕрон.


Мӕхӕдӕг дӕр цин кӕндзынӕн Йерусалимыл, цинӕй райдзынӕн Мӕ адӕмыл. Никуыуал сын ничи фехъусдзӕни сӕ дзыназын, сӕ кӕуын хъӕлӕс.


Раздӕхут, сабитӕ, гадзрахатӕй рацӕуджытӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн уӕ Сӕрыхицау. Алы сахарӕй дӕр Ӕз райсдзынӕн иуы, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр — дыууӕйы, ӕмӕ уӕ ӕркӕндзынӕн Сионмӕ.


Иудей ӕмӕ йе ’ппӕт сахарты ӕрцӕрдзысты адӕм, зӕхкусджытӕ ӕмӕ фыййӕуттӕ.


Фӕллад адӕмӕн бадардзынӕн дон, бафсаддзынӕн фӕлмӕцыдты».


Израилы чызг, ногӕй дӕ сараздзынӕн, ӕмӕ арӕзт ӕрцӕудзынӕ, дӕ дала та райсдзынӕ ӕмӕ кафджытимӕ хъӕлдзӕгӕй кафдзынӕ.


Ралӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Ефремы хӕхтыл хъахъхъӕнджытӕ ныхъхъӕр кӕндзысты: „Сыстут, ӕмӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, Сионмӕ ссӕуӕм!“»


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Хъӕлдзӕгӕй зарут Йаковыл, адӕмты сӕргъы чи лӕууы, уый хъӕрӕй сыстаут ӕмӕ дзурут: «О Дунедарӕг! Фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы, Израилы байзӕддӕгты!»


Уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: ацы зӕххыл ногӕй ӕлхӕндзысты хӕдзӕрттӕ, зӕххы хӕйттӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы бынат сафтид ис, нал дзы адӕм ис, нал цӕрӕгойтӕ. Фӕлӕ ацы сахартӕй алкӕй раз дӕр ногӕй фӕзындзысты фосхизӕн сӕрвӕттӕ, ӕмӕ дзы фыййӕуттӕ сӕ фос хиздзысты.


Хӕххон сахарты, стӕй Шефела ӕмӕ Негевы сахарты, Бениамины зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы алфамбылӕйтты, Иудейы сахарты — алы ран дӕр, чи сӕ нымайдзӕн, уыдоны дӕлбар ногӕй фосы рӕгъӕуттӕ хиздзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ныссадздзынӕн ӕй Израилы бӕрзонд хохыл, ӕмӕ уый айтындздзӕн йӕ къалиутӕ ӕмӕ ӕрхӕсдзӕни дыргъ. Уый суыдзӕн егъау кедр, ӕмӕ йӕ быны, йӕ къалиуты аууоны, цӕрдзысты алымыггаг мӕргътӕ.


Уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ уаз хохыл, Израилы бӕрзонд хохыл, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — лӕггад кӕндзысты ӕппӕт Израилы адӕм, дунейыл сӕ чидӕриддӕр ис, уыдон. Уым сыл Ӕз ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдзынӕн. Уым уын бацагурдзынӕн уӕ хуынтӕ, уӕ хоры сӕртӕ ӕмӕ уе ’ппӕт уаз нывӕндтӕ.


Сойджын сӕрвӕты сӕ хиздзынӕн, Израилы бӕрзонд хӕхтыл уыдзӕни сӕ уӕтӕр. Ривӕд кӕндзысты уыцы дзӕбӕх уӕтӕры ӕмӕ хиздзысты сойджын сӕрвӕты, Израилы хӕхтыл.


Сбирӕ кӕндзынӕн дыргъ ӕмӕ тыллӕджы бӕркад дӕр, цӕмӕй уын уе стонджы тыххӕй мауал фидис кӕной ӕцӕгӕлон адӕмтӕ.


Уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ ӕрцагурдзысты Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, стӕй сӕ паддзах Давиды. Фӕстаг заманы Дунедарӕджы раз аргъуыц кӕнын райдайдзысты ӕмӕ Йын Йӕ хорзӕх агурдзысты.


Уыцы заман хӕхтӕй ракӕлдзӕн сӕн, къуыбыртӕй — ӕхсыр, Иудӕйы ӕрхытӕ иууылдӕр донӕй байдзаг уыдзысты. Дунедарӕджы Кувӕндонӕй суадон ракӕлдзӕн ӕмӕ Ситтимы дӕлвӕз бафсаддзӕнис.


Уӕ хордӕтты ма хоры мыггаг баззади? Сӕнӕфсиры талатӕ, гранат, легъуи ӕмӕ оливӕ бӕлӕстӕ абоны онг дыргъ нӕма радтой. Фӕлӕ сыл нырӕй фӕстӕмӕ Ӕз Мӕ арфӕ уадздзынӕн».


Сабырӕй байтаудзысты сӕ хуымтӕ, сӕнӕфсиры талайыл гагатӕ равзӕрдзӕн, зӕхх тыллӕг ратдзӕнис, арвӕй ӕртӕх ӕрызгъӕлдзӕн. Ӕмӕ уыдӕттӕ Ӕз иууылдӕр, Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн ратдзынӕн исбонӕн.


Афтӕ сымах дӕр: ныртӕккӕ хъыг кӕнут, фӕлӕ уӕ Ӕз ногӕй фендзынӕн, ӕмӕ уӕд уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты цинӕй, ӕмӕ уын уӕ цин ничиуал байсдзӕн.


Ӕви Хуыцау хӕрзаудӕг, барон ӕмӕ бирӕбыхсаг кӕй у ӕмӕ дӕ Йе ’нӕкӕрон зӕрдӕхӕларӕй ӕрфӕсмон кӕнынмӕ кӕй хоны, уый не ’мбарыс?


Ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг; нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр хъыгтӕ, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст, уымӕн ӕмӕ, раздӕр цы уыди, уый аивгъуыдта».


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау кӕм бады, уыцы бынаты хӕдастӕу цы Уӕрыкк ис, Уый сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ акӕндзӕни царддӕттӕг суадӕттӕм, ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan