1 «Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй алкӕмӕн дӕр суыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм».
Ды израилӕгты ӕнустӕм Дӕхи адӕм скодтай ӕмӕ Ды, Дунедарӕг, сдӕ сӕ Хуыцау!
Алкӕмӕн дӕр йӕ каст Дӕумӕ у, алкӕмӕн дӕр йӕ афоныл хойраг раттыс.
Ахӕм у, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл чи дары, уыдоны хъысмӕт, стӕй, сӕ фӕдыл цӕуын чи уарзы, уыдоны кӕрон.
Денджызгӕрон бӕстӕты адӕмтӕ дзурдзысты: «Мӕнӕ цы ’рцыди, нӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтам, уыдоныл, ӕххуысагур кӕмӕ цыдыстӕм, Ассирийы паддзахӕй нӕ фервӕзын кӕнут, зӕгъгӕ! Куыд ма фервӕздзыстӕм ныр?»
Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.
Йӕ заманы Иудей фервӕздзӕн, Израил цӕрдзӕн ӕдасӕй, схондзысты йӕ «Дунедарӕг — нӕ растгӕнӕг».
Уыцы заман Иудӕйы байзӕддӕгтӕ Израилы фӕстагӕттӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ цӕгаты зӕххӕй, Ӕз уӕ фыдӕлтӕн исбонӕн кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ ацӕудзысты».
Уӕдӕ ма тӕрс, мӕ цагъар Йаков, — зӕгъы Дунедарӕг, — ма тӕрс, Израил! Ӕз дӕ дард бӕстӕй фервӕзын кӕндзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын раздахдзынӕн, уацары кӕм уыдысты, уыцы зӕххӕй. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзӕн, тасы йӕ ничиуал ӕфтаудзӕн.
Сымах суыдзыстут Мӕ адӕм, Ӕз та — уӕ Хуыцау».
Дунедарӕджы судзгӕ маст не ’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ Йӕ фӕндтӕ нӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Уый фидӕны бамбардзыстут.
Уымӕн ӕмӕ ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Мӕ адӕмы, Израил ӕмӕ Иудейы, уацарӕй раздахдзынӕн. Сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕхх радтон, уырдӕм сӕ ӕрбакӕндзынӕн, исбонӕн сын ӕй ратдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Мӕнӕ ис, Израилы байзӕддӕгтимӕ уыцы заманы фӕстӕ цы Фидыд сараздзынӕн, уый, — зӕгъы Дунедарӕг: Ме ’Гъдау сын сӕ сӕрызонды бавӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕтыл сын ӕй ныффысдзынӕн. Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм.
Уыдон уыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау.
Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтон, уый.
Ӕз Иудей ӕмӕ Израилы уацайрӕгты фӕстӕмӕ раздахдзынӕн, раздӕрау сӕ сфидар кӕндзынӕн.
Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕ, кӕугӕйӕ, Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, агурӕг ацӕудзысты.
цӕмӕй Мын ӕххӕст кӕной Мӕ уагӕвӕрдтӕ, нымайой ӕмӕ ӕххӕст кӕной Ме ’гъдӕуттӕ. Уыдон суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та уыдзынӕн сӕ Хуыцау.
Ӕз, Дунедарӕг, уыдзынӕн сӕ Хуыцау, Мӕ цагъар Давид та уыдзӕни сӕ фӕтӕг. Уый зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг.
Сымах Мӕ фос стут, Мӕ уӕтӕры дзуг. Сымах адӕм стут сымах, Ӕз та уӕ Хуыцау дӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Ӕрцӕрдзыстут, уӕ фыдӕлтӕн уын цы зӕхх радтон, ууыл ӕмӕ суыдзыстут Мӕ адӕм, Ӕз та уыдзынӕн уӕ Хуыцау.
Уӕд Израилы адӕм базондзысты, ныр дӕр ӕмӕ фидӕнмӕ дӕр Ӕз Дунедарӕг, сӕ Хуыцау кӕй дӕн, уый.
Фӕлӕ Дунедарӕг зӕгъы: «Ныр уацарӕй суӕгъд кӕндзынӕн Йаковы байзӕддаджы, фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕппӕт Израилы адӕмӕн ӕмӕ Мӕ уаз ном фегад кӕнын нал бауадздзынӕн.
Иудейӕгтӕ ӕмӕ израилӕгтӕ иумӕ ӕрбамбырд уыдзысты, сӕхицӕн иу фӕтӕджы сӕвӕрдзысты ӕмӕ уыцы бӕстӕй рацӕудзысты, уымӕн ӕмӕ Изреелмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр фидӕн.
Ӕз уе ’хсӕн цӕрдзынӕн ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та уыдзыстут Мӕ адӕм.
Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»
Йесо йын загъта: «Ма Мыл бандзӕв, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ ацу Ме ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, Мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ“».
Хуыцауы хӕдзарӕн мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы ис? Мах та стӕм цардӕгас Хуыцауы хӕдзар, Хуыцау Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ: «Сӕ зӕрдӕты ӕрбынат кӕндзынӕн ӕмӕ цӕрдзынӕн семӕ; ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.
цӕмӕй уӕм ма уа хӕтаг кӕнӕ ӕнӕхуыцау, Исавау хистӕр фырты бартӕ иу хъӕрмхуыппы къусыл чи баивта.