Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 30:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕбуалгъ тасы хъӕртӕ хъусӕм, бӕстӕ схъомпал, нал ис сабырдзинад.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 30:5
22 Iomraidhean Croise  

Уыцы бон сӕ рыхын уыдзӕни денджызы рыхынау. Зӕххыл йӕ цӕст чи ахӕсса, уый фендзӕни саудалынг ӕмӕ фыдох, сау мигътӕй рухсы цъыртт нал зындзӕн.


Иууылдӕр ниуӕм ӕрсытау, хъуыр-хъуыр кӕнӕм бӕлӕттау. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Дунедарӕджы тӕрхонмӕ, нӕ хъизӕмӕрттӕй нӕ кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ, фӕлӕ нӕм ӕмгӕрон нал цӕуы.


Гӕныстонгӕнджытӕ фӕцӕуынц ӕдзӕрӕг быдыры къуыбыртыл, Дунедарӕджы кард ӕгас зӕхх ныхъуыры, ӕмӕ иу уд дӕр ӕнцой нал зоны.


Хъуысы фыййӕуты кӕуын, дзыназынц рӕгъауы фӕтӕгтӕ: Дунедарӕг сын бабын кодта сӕ сӕрвӕттӕ!


Мӕнӕ сты, Дунедарӕг Израил ӕмӕ Иудейы тыххӕй цы ныхӕстӕ загъта, уыдон.


Фӕлӕ цы уынын Ӕз? Фыр тӕссӕй лидзӕг фесты, сӕ гуыппырсарты сын ныццагътой. Фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, лидзынц, алырдыгӕй — ӕвирхъау тас, — зӕгъы Дунедарӕг.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Цӕгатаг бӕстӕй ӕрбацӕуынц адӕм, зӕххы кӕрӕттӕй хъомысджын адӕм сыстадысты!


Мӕ адӕмы чызг! Дӕ уӕлӕ сӕхъис скӕн, рыджы сӕвдул дӕхи! Дӕ иунӕг фыртыл кӕуӕгау дӕ сау цӕссыг згъал ӕмӕ дзыназ — ӕвиппайды нӕм фӕзындзӕн нӕ сафӕг.


Данӕй бӕхты хуыррыт хъуысы, зӕхх нынкъуысы уырсыты мыр-мырӕй! Ӕрбацыдысты знӕгтӕ, ныхъуырынц зӕхх, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕд цӕрджытӕ».


Дард бӕстӕй Мӕ адӕмы ӕрдиаг хъуысы: „Ау, Сионы Дунедарӕг нӕй? Ау, Паддзах дзы нал ис?“» «Цӕмӕн Мӕ мӕсты кодтой сӕ гуымирытӕй, ӕндӕрбӕстаг мӕнг хуыцӕуттӕй?»


Сионӕй хъуысы хъарӕг: «О, додой! Мӕнӕ нӕ куыд бастыгътой! Мӕнӕ куыд фӕхудинаг стӕм! Фӕцӕуӕм нӕ зӕххӕй, ныппырх сты нӕ хӕдзӕрттӕ!»


Уӕ бӕрӕгбӕттӕ уын фестын кӕндзынӕн хъарӕг, уӕ зарджытӕ — кӕуын. Иууылдӕр уӕ уӕлӕ скӕндзыстут сӕхъис, адасдзыстут уӕ сӕртӕ. Адӕймаг йӕ иунӕг фырты мардыл куыд фӕкӕуы, уыйау дзыназдзыстут, алы бон дӕр — масты бон.


Хъазынц паддзӕхтӕй, хынджылӕг кӕнынц бӕстыхицӕуттӕй, худынц фидӕрттыл. Сыджытбырутӕ саразынц ӕмӕ сӕ басӕттынц.


Ӕз уын уӕ ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн халдейӕгты, ӕгъатыр ӕмӕ знӕт адӕмы. Уыдон ӕппӕт зӕххыл ӕрзилдзысты, цӕмӕй кӕйдӕр хъӕутӕ бацахсой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan