23 Мӕнӕ Дунедарӕджы тыхдымгӕ, фыр мӕстӕй абухгӕйӕ, зилдух кӕнын систа! Тымыгъ сыстад ӕмӕ фыдгӕнджыты сӕртӕ бабын кӕндзӕн!
Фӕлӕ сыл Ды фӕхуддзынӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт адӕмты сӕгад кӕндзынӕ.
Уадтымыгъау уӕм бӕллӕх куы фӕзына, зилгӕ дымгӕйау уӕм куы ’рбабырса, маст ӕмӕ хъыджы бын куы фӕуат,
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ иу адӕмӕй иннӕмӕ фыдбылыз цӕуы, зӕххы кӕрӕттӕй стыр тымыгъ сыстад».
Уыцы заман ацы адӕмӕн, Йерусалимы цӕрджытӕн, загъдӕуыдзӕн: «Ӕдзӕрӕг быдыры бӕгънӕг къуыбыртӕй Мӕ адӕмы чызгыл судзгӕ дымгӕ радымдта, фӕлӕ хор дымгӕмӕ ныддарынмӕ ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ
Фӕндаггӕттӕ! Цӕут мӕ рӕзты, фӕлӕ-ма ӕрбакӕсут: ӕз цы хъизӕмар ӕвзарын, ахӕм ма искуы фендӕуыд? Уӕ, Дунедарӕг ӕй мӕныл йӕ судзгӕ масты бон куы бафтыдта!
Дунедарӕг Йӕхи равдисдзӕн Йӕ адӕмы сӕрмӕ, Йӕ фат фехсдзӕнис ӕрвӕрттывдау. Уӕларвӕфсады Бардарӕг сыкъауадындзӕй ныууасдзӕн, хуссайраг зилгӕ дымгӕйы ацӕудзӕн.