2 «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: цыдӕриддӕр дын фехъусын кодтон, уыдон тухгӕ чиныджы ныффыс.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Уыдӕттӕ зӕрдылдарынӕн ныффысс чиныджы, Йешуайӕн та зӕгъ, Ӕз амалекӕгтӕн арвы бын сӕ кой кӕй фесафдзынӕн, уый».
Уӕдӕ цу, фӕйнӕджы гӕбаз райс ӕмӕ йыл, цыдӕриддӕр дын загътон, уыдӕттӕ ныффыс. Уадз ӕмӕ уыцы фыст баззайа мыггагмӕ.
Дунедарӕг мын загъта, райс иу стыр къӕй ӕмӕ йыл, адӕймаг ӕй ӕнцонӕй куыд бакӕса, афтӕ ныффысс: «„Магер-Шалал-Хаш-Баз“.
Уыцы зӕххӕн рагацау цы снысан кодтон ӕмӕ ацы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, Йеремиа ӕппӕт адӕмты тыххӕй рагуацы хуызы цыдӕриддӕр загъта, уыдон Ӕз иууылдӕр сӕххӕст кӕндзынӕн.
Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:
«Райс ӕндӕр тухгӕ чиныг ӕмӕ, паддзах Иоаким цы чиныг басыгъта, уымӕн йӕ ныхӕстӕ ногӕй ныффысс.
Йеремиа ӕндӕр тухгӕ чиныг райста ӕмӕ йӕ Нериайы фырт Барухмӕ радта. Ӕмӕ та Барух Йеремиайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, иудейаг паддзах Иоаким кӕй басыгъта, уыцы чиныджы цыдӕриддӕр фыст уыди, уыдон ногӕй ныффыста ӕмӕ ма йӕм бафтыдта бирӕ ахӕм ныхӕстӕ.
Ды та, Даниил, бамбӕхс ацы дзырдтӕ ӕмӕ фӕстаг заманмӕ ацы чиныг сӕхгӕн, уымӕн ӕмӕ фӕстаг заманы бирӕтӕ сдзӕгъӕл уыдзысты, ӕмӕ фыдбылыз сарӕх уыдзӕн».
Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн — дӕтты нын фӕразондзинад ӕмӕ ӕхсар, цӕмӕй нӕ ныфс уа фидар.
Сӕ хабӕрттӕ махӕн зонды хос сты, ӕмӕ сӕ ныффыстӕуыд, цӕмӕй махӕн, рӕстӕджы кӕрон цӕрджытӕн, рагфӕдзӕхст суой.
Уӕдӕ ныффыссут уӕхимӕ мӕнӕ ацы зарӕг. Сахуыр ӕй кӕнӕнт израилӕгтӕ ӕмӕ йӕ ӕдзухдӕр сӕ былалгъыл дарӕнт, цӕмӕй Мын уый ӕвдисӕн уа сӕ ныхмӕ.
уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый.
Цы уыныс, уый чиныджы ныффысс ӕмӕ йӕ арвит Азийы авд аргъуанмӕ: Эфесмӕ, Смирнӕмӕ, Пергаммӕ, Фиатирӕмӕ, Сардисмӕ, Филадельфи ӕмӕ Лаодикимӕ».
Уӕдӕ ныффысс, цы федтай, цытӕ цӕуы ӕмӕ фӕстӕдӕр цытӕ ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй.