Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 30:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз ногӕй айтындздзынӕн Йаковы цатыртӕ, йӕ хӕдзӕрттӕн ын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн; сахар ногӕй сырӕздзӕни хӕлддзӕгты кӕритӕй, ӕмӕ галуан йӕ бынаты ӕрлӕудзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 30:18
38 Iomraidhean Croise  

Паддзах Давид загъта Израилы адӕмӕн: «Мӕ фырт Соломон (Хуыцау ӕрмӕстдӕр уый равзӕрста) нырма ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, ацы хъуыддаг та тынг стыр у, уымӕн ӕмӕ ацы галуан адӕймаджы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцауы уыдзӕн.


Мӕ фырт Соломоны иузӕрдион скӕн Дӕхицӕн, Де ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ, уынаффӕтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ Дын куыд ӕххӕст кӕна ӕмӕ, ӕрмӕг цы галуанӕн бацӕттӕ кодтон, уый куыд сараза».


Фӕлӕ сахар парахат ӕмӕ егъау уыд, адӕм та дзы — хӕрз чысыл, хӕдзӕрттӕ дӕр арӕзт нӕ уыдысты.


Фыд йӕ хъӕбултыл куыд ауды, афтӕ ауды Дунедарӕг, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, уыдоныл.


Уымӕн ӕмӕ нын зоны не сконд, сыджыт кӕй стӕм, уый Дзы нӕ рох кӕны.


Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ кад бирӕ нӕ ахӕсдзӕн, амӕлдзӕни, фос куыд амӕлынц, афтӕ.


хуымӕтӕгтӕ ӕмӕ номдзыдтӕ, хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртӕ.


Давиды куывд. О Дунедарӕг, фехъус мӕ ӕмӕ мын дзуапп ратт, уымӕн ӕмӕ мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк дӕн!


Мӕ цагъарӕн сфидар кӕнын йӕ пехуымпар ныхас, сӕххӕст кӕнын Ме ’рвыст лӕгты дзырд. Ныр Йерусалимӕн зӕгъын, дӕ мидӕг та ӕрцӕрӕнт адӕм, зӕгъгӕ. Иудейы сахартӕн дӕр зӕгъын, ногӕй та арӕзт ӕрцӕудзыстут, уӕ кӕлддзӕгты бынаты ног хӕдзӕрттӕ сараздзынӕн, зӕгъгӕ.


Кирӕн зӕгъын: „Мӕ адӕмӕн фыййау уыдзынӕ“. Уый Мын сӕххӕст кӕндзӕни Ме ’ппӕт фӕндтӕ дӕр. Йерусалимӕн зӕгъдзӕни: „Ногӕй дӕ рацараздзысты!“ Кувӕндонӕн зӕгъдзӕни: „Амад ӕрцӕудзынӕ!“»


Мӕ фыстӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны Ӕз цы бӕстӕтӕм фӕсырдтон, уырдыгӕй фӕстӕмӕ сӕ цӕрӕнбынатмӕ раздахдзынӕн, ӕмӕ та ногӕй сбирӕ уыдзысты.


Уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Ӕз зонын, цы уын снысан кодтон, уый, — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕ фыдбылызы нӕ, фӕлӕ уӕ фарны сӕраппонд, цӕмӕй уӕ схайджын кӕнон фидӕн ӕмӕ зӕрдӕдарӕнӕй.


Ӕз уӕм мӕхи раргом кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уацарӕй уӕ раздахдзынӕн. Цы бӕстӕтӕ ӕмӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, уырдыгӕй уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕцӕй уӕ фӕсырдтон, уыцы зӕхмӕ уӕ фӕстӕмӕ раздахдзынӕн.


Уымӕн ӕмӕ ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Мӕ адӕмы, Израил ӕмӕ Иудейы, уацарӕй раздахдзынӕн. Сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕхх радтон, уырдӕм сӕ ӕрбакӕндзынӕн, исбонӕн сын ӕй ратдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмы уацарӕй куы раздахон, уӕд Иудейы зӕххыл, йӕ сахарты ногӕй дзурдзысты: „О рӕстдзинады хӕдзар, о уаз хох! Дунедарӕг дын арфӕ ракӕнӕд!“


Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ ацы сахар Хананелы мӕсыгӕй Тигъы кулдуары онг ногӕй арӕзт ӕрцӕудзӕни Дунедарӕджы кадӕн.


Израилы чызг, ногӕй дӕ сараздзынӕн, ӕмӕ арӕзт ӕрцӕудзынӕ, дӕ дала та райсдзынӕ ӕмӕ кафджытимӕ хъӕлдзӕгӕй кафдзынӕ.


Абон мӕрдтӕ ӕмӕ фӕнычы бын чи фӕци, уыцы дӕлвӕз, Кедроны цӕугӕдон ӕмӕ, скӕсӕны чи ис, уыцы Бӕхы кулдуары онг цы быдыртӕ ’ххӕссынц, уыдон иууылдӕр Дунедарӕджы уаз зӕххы хай суыдзысты, никуыуал сӕ ничи ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн».


Уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: ацы зӕххыл ногӕй ӕлхӕндзысты хӕдзӕрттӕ, зӕххы хӕйттӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ».


Ӕз Иудей ӕмӕ Израилы уацайрӕгты фӕстӕмӕ раздахдзынӕн, раздӕрау сӕ сфидар кӕндзынӕн.


Ды та ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, ма тӕрс, Израил. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард бӕстӕй дӕ раздахдзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын уацарӕй ӕркӕндзынӕн. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй та цӕрдзӕн, знаджы цӕфӕй нал тӕрсдзӕн».


Фӕлӕ фидӕны Ӕз еламӕгтӕн сӕ раздӕры ӕнӕмаст цард раздахдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Фӕлӕ уый фӕстӕ Ӕз аммонӕгтӕн сӕ раздӕры ӕнӕмаст цард раздахдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Ныббирӕ уыл кӕндзынӕн уӕ адӕм ӕмӕ фос. Уыдон цот уадздзысты ӕмӕ сбирӕ уыдзысты. Раздӕры заманау уыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕм ӕмӕ уын раздӕры заманӕй фылдӕр хӕрзтӕ ратдзынӕн. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн Мӕ адӕмы, Израилы. Афтид сахартӕ ног сараздзысты ӕмӕ сӕ ӕрцӕрдзысты, сӕндӕттӕ ныссадздзысты ӕмӕ сӕн нуаздзысты, скӕндзысты дыргъдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргътӕ хӕрдзысты.


Уӕд Дунедарӕджы зӕд загъта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Йерусалим ӕмӕ Иудӕйы сахартӕн кӕд ныббардзынӕ, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы сӕм Дӕ маст куы нӕма ссыд?»


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз Мӕ хорзӕх ӕруадздзынӕн Йерусалимыл, Мӕ Кувӕндон дзы арӕзт ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Йерусалимыл зӕхбарӕн синаг айтындздзысты.


Уыцы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Иудӕйы фӕтӕгтӕ, сугты ’хсӕн ӕфсӕн пец, куыристы ’хсӕн цырагъ куыд у, афтӕ суыдзысты ӕмӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты, сӕ галиу ӕмӕ сӕ рахизфарс чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзысты, Йерусалим та, цы ран ис, уым фӕстӕмӕ адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.


Дунедарӕг ӕппӕты разӕй фервӕзын кӕндзӕн Иудӕйы цатыртӕ, цӕмӕй Давиды байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты кад Иудӕйы кадӕй ма фӕуӕлдӕр уа.


Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр дӕлвӕз фестдзӕни, Гевӕйӕ суанг Риммоны, Йерусалимы хуссарварс чи ис, уый онг, Йерусалим та уыдонӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕн. Йӕ бынаты лӕудзӕн ӕмӕ Бениамины кулдуарӕй Рагон кулдуар ӕмӕ Фисыны кулдуары онг, Хананелы мӕсыгӕй паддзахы сӕндуцӕнты онг адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan