Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 30:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Дӕ цӕдисонтӕ дӕ ферох кодтой, нал дӕ агурынц. Знаджы цӕфтӕ дыл ныккалдтон, бафхӕрдтон дӕ ӕгъатырӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, дӕ тӕригъӕдтӕн нымӕц дӕр нӕй!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 30:14
38 Iomraidhean Croise  

Фыр мӕстӕй мӕ ’ргӕвды, Йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс мӕм цӕуы; ныккастысты мӕм ме знӕгтӕ.


Йӕ маст мӕм ссыгъди, ӕмӕ мӕ Йе знагыл банымадта.


Ӕгъатыр сдӕ мемӕ, Дӕ хъомысджын къух мӕ не здахыс.


Дзыназын куы байдайай, уӕд дӕм бакӕсдзыстӕм, кӕддӕра дӕ куыд фервӕзын кӕндзысты дӕ бирӕ гуымирытӕ. Се ’ппӕты дӕр дымгӕмӕ ныддардзысты, Йӕ зӕрдӕ Мӕныл чи дары, уыдоны хай бауыдзӕни зӕхх, Мӕ уаз хох бауыдзӕни сӕ исбон».


Ацы ныхӕстӕ сын фехъусын кӕн». Ӕхсӕвӕй-бонӕй ма бахус уӕд мӕ цӕссыг, уымӕн ӕмӕ мӕ адӕмы чызгӕн тынг арф у йӕ хъӕдгом, уӕззау сты йӕ цӕфтӕ.


Ӕппынӕдзух цӕмӕн тындзыс кӕдӕмдӕр, дӕ фӕндӕгтӕ цӕмӕн ивыс? Ассири дӕ сӕгад кодта, Мысыр дӕр дӕ фӕхудинаг кӕндзӕн,


Ливаны хӕхтӕм ссу ӕмӕ дзыназ! Башаны хъарӕг кӕн, ныхъхъӕр кӕн Аваримӕй: дӕ цӕдисонтӕ иууылдӕр бабын сты!


Дӕ фыййӕутты дын дымгӕ ахӕсдзӕн, дӕ цӕдисонты дын уацары акӕндзысты. Дӕ фыдракӕндты аххосӕй фӕхудинаг уыдзынӕ ӕмӕ ницӕйаджы бынатмӕ ’рхаудзынӕ!


Дӕ хъӕдгӕмттӕй, дӕ уӕззау цӕфтӕй цы хъӕрзыс? Бирӕ фыдракӕндтӕ кӕй фӕкодтай, дӕ тӕригъӕдтӕ ӕнӕнымӕц кӕй систы, уый тыххӕй дын бавзарын кодтон адӕттӕ!


Сахарыл цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ йӕ арты хай бакӕндзысты. Израилӕгтӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл Баалӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ сӕн кӕм калдтой ӕндӕр хуыцӕуттӕн, цӕмӕй Мӕн мӕсты кӕной, уый тыххӕй, уыцы хӕдзӕрттӕ басудздзысты.


Уымӕн ӕмӕ Иудей ӕмӕ Израилы фырттӕ се ’взонджы бонтӕй абонмӕ Мӕ разы ӕрмӕст фыдракӕндтӕ кодтой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ ӕрмӕстдӕр мӕсты кодтой, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы Хӕдзары се ’лгъӕгтӕ сӕвӕрдтой, фӕчъизи йӕ кодтой.


Хинномы фырты дӕлвӕзы Баалӕн кувӕндӕттӕ скодтой, цӕмӕй дзы сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты Молохӕн арты нывондӕн хӕссой! Ӕз сын ахӕм бардзырд нӕ радтон! Мӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыд, цӕмӕй ахӕм ӕлгъаг митӕ кӕной ӕмӕ Иудей тӕригъӕдты бынӕй мауал зына!»


иудейаг паддзахы галуаны ма цы сылгоймӕгтӕ баззад, уыдоны вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕм акӕндзысты, ӕмӕ уыцы сылгоймӕгтӕ дзурдзысты: „Де ’рдхӕрдтӕ дыл сайдӕй рацыдысты ӕмӕ дыл фӕуӕлахиз сты. Ныр цъымарайы куы ныссагъдтӕ, уӕд та лидзӕг фесты“.


О, удхарӕй кӕй амардтой, уыцы зӕхх! Цы кӕндзынӕ ды та? Дӕхи-иу сӕнт сырх ӕмӕ сыгъзӕрин дарӕстӕй сфӕлыстай, сахуырстай-иу дӕ цӕстытӕ. О, дзӕгъӕлы-иу сфӕлыстай дӕхи! Дӕ хӕзгултӕ дыл ӕлгъ кӕнынц, дӕ мӕлӕтмӕ бӕллынц».


Дунедарӕгӕн Йӕ бон нал уыд уӕ фыдракӕндтӕм, уе ’лгъаг митӕм кӕсын, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестад, ӕлгъитынц ӕй, йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтауы, ӕмӕ дзы иунӕг цӕрӕг дӕр нал баззад.


Уый тыххӕй сӕм тар хъӕдӕй ӕрбабырста домбай, быдираг бирӕгъ сӕ ӕргӕвды, сӕ сахарты цур бабады фыранк: сахарӕй чидӕриддӕр рацӕуа, уый аскъуыдтӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, сӕ гадзрахатӕн кӕрон нал ис».


Сӕ хӕцӕнгӕрзтӕ — кард ӕмӕ ӕрдын. Хъӕхъхъаг сты, хатыр нӕ зонынц, хъӕр кӕнынц денджызы уынӕрау. Хӕстонтӕ сӕ бӕхтыл хӕстӕввонгӕй згъорынц, цӕмӕй дӕ ныхмӕ схӕцой, Вавилоны чызг!


Ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕй — ифтонг, ӕгъатыр ӕмӕ дурзӕрдӕ сты уыдон. Сӕ хъӕр у денджызы гуыр-гуырау, ӕфсӕддонтӕ хӕстӕввонгӕй згъорынц сӕ бӕхтыл дӕ ныхмӕ хӕцынмӕ, Сионы чызг!»


Хӕзгултӕм сидтӕн — сивтой мыл сӕ зӕрдӕтӕ! Уӕ, сӕфынц сахары Мӕ сауджынтӕ, мӕ хистӕртӕ! Къӕбӕргур зилынц — фервӕзой мӕлӕтӕй!


Ӕхсӕвы тары сау цӕссыг куы згъалы, йӕ рагуарзӕттӕй иу куы нӕй йӕ цуры! Гадзрахатӕй йыл рацыдысты ’рдхӕрдтӕ, уӕ, систы йе знӕгтӕ!


О, додой! Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд — Сионы Чызджы саудалынджы баппӕрста! Израилы кад арвӕй зӕхмӕ фехста! Тӕрхоны бон ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууагъта Йӕ къӕхты ’нцой!


Уымӕ гӕсгӕ, Охолива, афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕз дыл сардаудзынӕн дӕ хӕзгулты, дӕхи кӕуыл атигъ кодтай, уыдоны. Алырдыгӕй сӕ ӕрбакӕндзынӕн дӕ ныхмӕ хӕцынмӕ:


Уый тыххӕй йӕ Ӕз радтон, мондаджы уарзтӕй кӕй уарзта, уыдоны, йӕ ассириаг хӕзгулты, къухтӕм.


Ӕгас Израил дӕр Дӕ Ӕгъдауы сӕрты ахызт, цӕмӕй Дӕм ма хъуса. Ӕмӕ ныл уӕд, Хуыцауы лӕггадгӕнӕджы, Моисейы Ӕгъдауы цы ’лгъыстытӕ фыст ис, уыдон ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стӕм Хуыцауы раз.


Моисейы Ӕгъдауы куыддӕриддӕр загъдӕуыд, афтӕ ныл Хуыцауы фыдӕх сӕмбӕлди, фӕлӕ мах Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ нӕ кодтам, нӕ тӕригъӕдтыл не ’рфӕсмон кодтам, Йӕ ӕцӕгад Ын ницӕмӕ дардтам.


Мах фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын стӕм Дӕ разы: знӕт ӕмӕ хивӕнд уыдыстӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Дын Дӕ уагӕвӕрдтӕ не ’ххӕст кодтам.


Ӕддӕкъах уыди сӕ мад ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ныййардта. Дзырдта, зӕгъгӕ, мӕ хӕзгулты фӕстӕ цӕудзынӕн: уыдон мын дӕттынц дзул ӕмӕ дон, къуымбил ӕмӕ гӕн, оливӕйы сой ӕмӕ нозт.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз домбайау Мӕхи ныццӕвдзынӕн Ефремыл, домбайы лӕппынау — Иудӕйыл, фӕлӕбурдзынӕн сӕм, аскъуыдтӕ сӕ кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ничи фервӕзын кӕндзӕни.


Дӕ цӕдисонтӕ дӕ расурдзысты дӕ зӕххы арӕнтӕй, гадзрахатӕй дыл рацӕудзысты; демӕ хӕларӕй чи царди, уыдон дӕ басӕтдзысты. Дӕ къӕбӕр дын чи хӕры, уыдон дӕ чъылдымӕрдыгӕй ныццӕвдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Йӕ сӕрызонд фӕлыгъди бынтондӕр!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan