Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 3:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕмӕ йын Ӕз йе ’ппӕт хъуыддӕгты фӕстӕ загътон: «Раздӕх Мӕм!» Фӕлӕ Мӕм нӕ раздӕхти, ӕмӕ уый йӕ мӕнгард хо Иудей дӕр федта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 3:7
15 Iomraidhean Croise  

фӕлӕ ӕрцагуырдта йӕ фыдӕлты Хуыцауы ӕмӕ Йын ӕххӕст кодта Йӕ фӕдзӕхстытӕ. Израилӕгты хъуыддӕгтӕ нӕ фӕзмыдта.


О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?


«Ацы адӕм цы ныхӕстӕ кӕнынц, уый нӕ хъусыс? Уыдон дзурынц: „Дунедарӕг цы дыууӕ хӕдзарвӕндаджы равзӕрста, уыдонӕй Йе ’ргом аздӕхта“. Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмыл ӕлгъ кӕнынц ӕмӕ сӕ цӕсты адӕмыл нымад дӕр нал сты».


Израил ӕмӕ Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕ Мыл гадзрахатӕй рацыдысты, — зӕгъы Дунедарӕг.


Дӕ хистӕр хо у Самари, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ галиуфарс, дӕ кӕстӕр хо та у Содом, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ рахизфарс.


Фӕлӕ уыдоны ӕлгъаг митау нӕ уыдысты дӕ митӕ, уыдӕттӕ дын фаг нӕ уыдысты, ды уыдонӕй фӕфыддӕр дӕ.


Се ’ргом Мӕ аздӕхтой мӕ адӕм, фӕстӕмӕ раздӕхын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй. Цӕмӕй Иууылбӕрзондмӕ се ’ргом раздахой, уый тыххӕй сӕм пехуымпартӕ сидынц, фӕлӕ Йын кад ничи кӕны.


Самари баййафдзӕнис ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхмӕ сыстади. Йӕ адӕм карды амӕттаг фӕуыдзысты, сӕ сабиты сын уӕнггай скӕндзысты, сывӕрджын сылгоймӕгтӕн сӕ гуыбынтӕ акъӕртт кӕндзысты.


Цалдӕр сахары цӕрджытӕ-иу дон нуазынмӕ иу сахары ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ сын дон нӕ фаг кодта, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.


Иудӕ ракодта мӕнгард ми, ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуынц Йерусалим ӕмӕ ӕгас Израилы. Иудӕ фегад кодта, Дунедарӕг кӕй уарзта, уыцы Кувӕндон, ӕцӕгӕлон хуыцаумӕ чи куывта, ахӕм чызджы ӕрхаста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan