Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 3:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ау, никуы ссӕудзӕни Дӕ маст, ӕнусмӕ мӕм мӕсты кӕндзынӕ?» Афтӕ дзурыс, фӕлӕ дӕ бон цас у, уыйас фыдракӕндтӕ кӕныс.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 3:5
14 Iomraidhean Croise  

Ныр ӕз сфӕнд кодтон бафидауын Дунедарӕгимӕ, Израилы Хуыцауимӕ, кӕд нӕ Йӕ масты цӕхӕртӕ иуварс аздахид.


О Дунедарӕг, Ды хӕрзгӕнӕг ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ, ӕнӕкӕрон у Дӕ хорзӕх, чи Дӕм кувы, уыдонӕн.


Дунедарӕг, фехъус мын мӕ куывд, Дӕ хъус ӕрдар мӕ лӕгъстӕтӕм!


Мыггагмӕ сӕ азымджын нӕ кӕндзынӕн, мӕсты нӕ кӕндзынӕн ӕдзухдӕр, науӕд адӕм, Ме сконд адӕм, бынтондӕр рафтдзысты Мӕ разы.


Ӕгӕр нӕм ма мӕсты кӕн, Дунедарӕг, мыггагмӕ Дӕ зӕрдыл ма дар нӕ азым. Ӕркӕс-ма нӕм, мах иууылдӕр Дӕ адӕм куы стӕм!


Цӕугӕ ӕмӕ фехъусын кӕн цӕгаты: „Израилы чызг, гадзрахатӕй рацӕуӕг, раздӕх! — зӕгъы Дунедарӕг. — Мӕ маст дыл нӕ ныккалдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз хӕрзаудӕнгӕнаг дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ ӕнусмӕ нӕ мӕсты кӕндзынӕн.


Уӕдӕ ацы адӕм Мӕнӕй се ’ргом цӕмӕн аздӕхтой, Йерусалим ӕдзух хъеллау цӕмӕн кӕны? Мӕнгдзинадыл фидар хӕцынц, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй.


Лӕмбынӕг сӕм хъуыстон, фӕлӕ рӕстдзинад нӕ дзурынц, йӕ фыдракӕндтыл дзы иу дӕр нӕ фӕсмон кӕны. Цы бакуыстон, зӕгъгӕ, ничи дзуры, цыма бӕх тохы быдыры размӕ ныййарц вӕййы, уыйау алчидӕр йӕхи фӕндагмӕ згъоры.


Израилы фӕтӕгтӕ дӕм бацыдысты ӕмӕ, йӕ бон кӕмӕн цас уыди, уый бӕрц туг ныккалдтой.


Додойаг сты, фыдвӕндтӕ чи кӕны, хуыссӕны дӕр фыдбылызтӕ чи мысы ӕмӕ, боныцъӕхтӕ нӕма ралӕууынц, афтӕмӕй сӕ хъаруйы фӕрцы фыдракӕндтӕ чи аразы, уыдон!


Ӕрмӕст фыдбылызтӕ аразынмӕ сты дӕсны: барджын агуры лӕвӕрттӕ, тӕрхоны лӕг — гӕртӕмттӕ; бӕстӕйы хицау, цы йӕ бахъӕуы, уый ӕрдомы, иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ сты ныхасгонд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan