Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 3:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Не ’лгъаг миты аныгъуылдыстӕм ӕмӕ фӕхудинаг стӕм, уымӕн ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы раз, тӕригъӕдтӕ фӕкодтам; не ’взонджы бонтӕй абоны онг мах Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ныхасмӕ нӕ хъуыстам».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 3:25
38 Iomraidhean Croise  

Фыр адӕргӕй Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ сӕ Уый фыд азарӕй бахызта:


фӕндаг сын бацамыдта, цы сахары ӕрцӕрӕн ис, уырдӕм.


Фыдуацхӕссӕгӕн — додойаг йӕ къона, иузӕрдион фӕдисон — ӕвдадзы хос.


Цӕуылнӕ хъуыстон мӕ ахуыргӕнджытӕм? Мӕ зондамонджытӕм мӕ хъус цӕуылнӕ ’рдардтон?


Сымах ницы фехъуыстат, ницы зыдтат уый тыххӕй. Ӕцӕг, уӕ хъустӕ рагӕй нырмӕ дӕр ӕхгӕд сты. Ӕз рагацау зыдтон, фӕлитой кӕй стут, суанг уӕ мады гуыбынӕй фыдзыкъуыр кӕй рахастат, уый.


Уе ’ппӕтӕн дӕр, артӕндзарджытӕ, судзгӕ фаттӕй ифтонг чи у, уыдонӕн Дунедарӕг зӕгъы: «Бахизут уӕ арты цӕхӕрмӕ ӕмӕ, цы фӕттӕ ссыгътат, уыдоны пиллонмӕ! Гъе уый уын уӕ хъысмӕт — Мӕхи нывгонд. Уӕ адзал уыдзӕни ӕвирхъау».


О Иудей! Дӕ сахартӕ цӕйбӕрц сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр — уый бӕрц! Йерусалимы цал уынджы ис, уал нывондхӕссӕны дзы сӕвӕрдтат, цӕмӕй сыл ӕлгъаг Баалӕн будсудзӕн кӕнат!


Мӕнӕу байтыдтой, фӕлӕ какон сындзытӕ ӕркарстой, сӕхи дзӕгъӕлы удхарӕй фӕмардтой. Хор уӕм кӕй не ’рзад, уый тыххӕй фыр тӕссӕй нырризут — Дунедарӕджы маст уӕм ссыгъди!»


Дунедарӕг, нӕхи ӕмӕ нӕ фыдӕлты фыдракӕндтыл сӕттӕм, фӕтӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы.


О Дунедарӕг! Нӕ хъуыддӕгтӕ ныл комдзог цӕуынц, фӕлӕ нӕ сӕрыл рахӕц Дӕ номы сӕраппонд, кӕд нӕ гадзрахаттӕ ӕнӕнымӕц сты ӕмӕ Дӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам, уӕддӕр.


Дӕхи аххосӕй не ’рцыд уый дӕуыл? Ды ныууагътай Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, афтӕмӕй дын Уый фӕндагамонӕг уыди!


Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Ацу ӕмӕ Йерусалимы хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕз хъуыды кӕнын, де ’взонджы бонты Мыл куырдуаты бадӕг чызгау ӕнувыд кӕй уыдтӕ, уый, ӕдзӕрӕг быдырмӕ, ӕнӕконд зӕхмӕ, рацыдтӕ Мӕ фӕдыл.


Хуыснӕджы давгӕйӕ куыд ӕрцахстой, уыйау ныр фӕхудинаг ис Израил — йӕ адӕм, йӕ паддзӕхтӕ, йе ’лдӕрттӕ, йӕ сауджынтӕ ӕмӕ йӕ пехуымпартӕ.


Цӕмӕн рацыдтӕн мады гуыбынӕй? Ӕрмӕстдӕр тухӕнтӕ ӕвзарынмӕ ӕмӕ ӕгадӕй амӕлынмӕ?


Фӕрнджынӕй куы цардтӕ, уыцы заман-иу демӕ дзырдтон, фӕлӕ ды загътай: «Нӕ Дӕм хъусдзынӕн!» Де ’взонджы бонтӕй абоны онг афтӕ кӕныс — нӕ Мын хъусыс Мӕ ныхасмӕ!


Ӕрмӕст дӕ фыдракӕндыл басӕтт, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ныхмӕ сыстадтӕ, алы къабузджын бӕласы бын ӕцӕгӕлӕттӕн рӕвдауӕн митӕ кодтай ӕмӕ Мын Мӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстай“, — зӕгъы Дунедарӕг.


Мӕ фӕндагӕй иуварс куы фӕзылдтӕн, уӕд фӕсмон кодтон, зонды къахыл куы ’рлӕууыдтӕн, уӕд мӕхи хостон. Ме ’взонджы бонты худинаг мемӕ кӕй фӕхастон, уый тыххӕй фӕхудинаг ӕмӕ сӕгад дӕн».


Мӕ адӕмы чызг! Дӕ уӕлӕ сӕхъис скӕн, рыджы сӕвдул дӕхи! Дӕ иунӕг фыртыл кӕуӕгау дӕ сау цӕссыг згъал ӕмӕ дзыназ — ӕвиппайды нӕм фӕзындзӕн нӕ сафӕг.


Фӕлӕ уыдӕттӕ Мӕ фыддӕрагӕн кӕнынц? — зӕгъы Дунедарӕг. — Сӕхи фыдӕнӕн — сӕ худинагӕн!»


«Цӕмӕн кӕнӕм фӕстиат? Ӕрӕмбырд ут, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм фӕлидзӕм ӕмӕ уым ӕнцой ссарӕм нӕхицӕн! Фесафын нӕ сфӕнд кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, маргджын дон нын дары, уымӕн ӕмӕ Йӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам.


Рӕвдздӕр ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ ныл ныхъхъарӕг кӕнӕнт, нӕ цӕссыг цӕстытӕй куыд фемӕхса ӕмӕ фыр куыдӕй суадӕттау куы акӕла, афтӕ!


Нӕ кады худтӕ куы ’рхаудысты нӕ сӕртӕй! О, додойаг куы фестӕм мах нӕ тӕригъӕды аххосӕй!


Нӕ фыдӕлтӕ тӕригъӕдтӕ фӕкодтой, ныр уыдон нал сты, фӕлӕ сӕ фидӕм мах!


Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ ӕрвитын израилӕгтӕм, хивастӕй Мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыцы змӕнтджытӕм. Сӕ фыдӕлтау суанг абоны онг фыдракӕндтӕ кӕнынц Мӕ разы.


Мӕн фӕнды, цӕмӕй зонат: сымах сӕраппонд нӕ кӕндзынӕн ацы хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Израилы адӕм, уӕ цӕсгом фыр ӕфсӕрмӕй судзӕд уӕ фыдракӕндты аххосӕй.


Уыдон Мӕ разы сауджынлӕггад нал кӕндзысты, нал сын уыдзӕни уаз дзауматӕ ӕмӕ иууылуаз хуынтӕм бавналыны бар. Се ’лгъаг миты тыххӕй худинаджы бын фӕуыдзысты.


Уӕд сӕ астӕутыл ӕрбатухдзысты сӕхъис, ӕмӕ сыл ризӕг бахӕцдзӕн. Се ’ппӕтӕн дӕр фыр ӕфсӕрмӕй судздзӕни сӕ цӕсгом, сӕ сӕртӕ дӕр уыдзысты даст.


Сау мӕры чи бафынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ райхъал уыдзысты: иутӕ — мыггагмӕйы цард райсынӕн, иннӕтӕ та — ӕнусон худинаг ӕмӕ ӕрдиагӕн.


«Ӕдзӕрӕг быдыры сӕнӕфсирау Ӕз ссардтон Израилы, сӕ фыдӕлтӕ Мын уыдысты легъуи бӕласы фыццаг дыргъау. Фӕлӕ Баал-Пеормӕ куы ацыдысты ӕмӕ сӕхи уыцы ӕлгъаг гуымирыйӕн куы снывонд кодтой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр сӕлгъаг сты уыйау.


Ӕз адӕмыл ахӕм ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, ӕмӕ куырмытау рафт-бафт кӕндзысты, Дунедарӕджы раз тӕригъӕдджын кӕй фесты, уый аххосӕй. Сӕ туг алы ран зӕххы рыгау ныппырх уыдзӕн, сӕ буӕрттӕ фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.


Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕмӕй кӕнут ӕмӕ фӕстагмӕ мӕлӕтмӕ чи ӕркӕны, ахӕм митӕм.


фӕлӕ сымах дӕр ацы бӕстӕйы цӕрджытимӕ ма бафидаут, ныппырх сын кӕнут сӕ нывондхӕссӕнтӕ». Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъуыстат. Уый цы бакодтат?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan