Йеремиа 3:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст23 Къуыбыртыл, фӕлывдӕй уӕлдай, ницы ис, хӕхтыл ӕрмӕст — хъӕлӕбагӕнӕг ӕмбырдтӕ. Ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын кӕндзӕн Израилы! Faic an caibideil |
Ӕз сӕ ӕрбакодтон, сомы сын ракӕнгӕйӕ, Мӕ къух уӕлӕмӕ сисгӕйӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ, фӕлӕ адон сӕхицӕн бацагуырдтой алы къуыбыр ӕмӕ алы къабузджын бӕлас, ӕмӕ-иу ахӕм къуыбырыл, кӕнӕ ахӕм бӕласы бын аргӕвстой сӕ нывондӕгтӕ. Уыцы рӕтты-иу ӕрӕвӕрдтой сӕ хуынтӕ, хӕрздӕф буд-иу ссыгътой ӕмӕ калдтой сӕн“.