21 Къуыбыртӕй хъуысы дзыназын, Израилы фыртты кӕуын ӕмӕ лӕгъстӕтӕ, уымӕн ӕмӕ галиу фӕндӕгтыл ацыдысты, ферох кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы!
Ӕмӕ уӕд адӕмы раз зӕгъдзӕн: „Ӕз тӕригъӕды бацыдтӕн, рӕстдзинад сзыгъуыммӕ кодтон, фӕлӕ мын Хуыцау мӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ бафыста,
Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый ӕдас у, галиу фӕндӕгтыл чи цӕуы, уый та ӕфхӕрд баййафдзӕн.
Адӕймагӕн йе ’дылы зонды аххосӕй йӕ фӕндаг ныссуйтӕ вӕййы, мӕсты та Дунедарӕгмӕ фӕкӕны.
Моавы цӕрджытӕ ссыдысты Дивоны кувӕн къуыбыртӕм ӕмӕ уым еххӕй кӕуынц Нево ӕмӕ Медевайы сахартыл; иууылдӕр алвыдтой сӕ сӕртӕ, адастой сӕ боцъотӕ.
Ды ферох кодтай дӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы, дӕ Къӕдзӕх ӕмӕ дӕ Фидар дӕ хъуыдыйы дӕр нал уыди. Ды скодтай диссаджы дыргъдӕттӕ, ныссагътай ӕцӕгӕлон сӕнӕфсиры талатӕ.
Афтӕ тынг кӕмӕй фӕтарстӕ, ӕмӕ Мӕныл дӕ зӕрдӕ сивай, хъуыды дӕр Мӕ мауал кӕнай? Дзӕвгар рӕстӕг дын Мӕхи кӕй нал раргом кодтон, ӕдзӕмӕй кӕй фӕлӕууыдтӕн, уый тыххӕй Мӕ нал тӕрсыс?
Гӕныстонгӕнджытӕ фӕцӕуынц ӕдзӕрӕг быдыры къуыбыртыл, Дунедарӕджы кард ӕгас зӕхх ныхъуыры, ӕмӕ иу уд дӕр ӕнцой нал зоны.
Дӕ хал у уый, Ӕз дын ахӕм хъысмӕт снысан кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕй Мӕ ферох кодтай ӕмӕ дӕ зӕрдӕдарӕн мӕнгдзинад кӕй сси, уый тыххӕй.
Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой се ’ппӕт дӕр: ницӕйаг гуымирытӕн будсудзӕн кӕнынц! Сӕ цӕуӕнтыл фӕкалдысты, сӕ рагон фӕндӕгтӕ ныууагътой ӕмӕ ӕнӕцыд къахвӕндӕгтӕм рахызтысты.
Ау, ӕнӕцыд чызг йӕ фӕлындӕнтӕ ферох кӕны, кӕнӕ чындз — йӕ чындздзон дарӕс? Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой раджы.
Скӕс-ма къуыбыртӕм: ӕлгъаг митӕ кӕм нӕ фӕкодтай, ахӕм бынат ма баззади? Араббаг лӕг ӕдзӕрӕг быдыры куыд фӕбады, уыйау фӕндаджы был бадтӕ ӕмӕ дӕ хӕзгултӕм ӕнхъӕлмӕ кастӕ. Дӕ хӕтын ӕмӕ дӕ мӕнгард митӕй фӕчъизи кодтай зӕхх!
Ардыгӕй цӕссыгкалгӕ цыдысты, фӕлӕ сӕ ныр Мӕхӕдӕг басабыр кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ, кӕуыл нӕ фӕкӕлдзысты, уыцы раст фӕндагыл цӕугӕдӕттӕм акӕндзынӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Израилы фыд, Мӕ фыццаг зӕнӕг Ефрем у!
Дӕ дадалитӕ акъуыр ӕмӕ сӕ фехс! Къуыбыртыл хъарӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ацы фӕлтӕрӕй, чи Йӕ смӕсты кодта, уыдонӕй Йе ’ргом аздӕхта!
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Кӕй Мӕ ферох кодтай ӕмӕ Мӕ де ’ргом кӕй аздӕхтай, уый тыххӕй де ’нӕфсармдзинад ӕмӕ дӕ хъахбай миты амӕттаг фӕу».
Чи ма сӕ аирвӕза, уыдон та балидздзысты хӕхтӕм ӕмӕ къӕдзӕхтыл цӕрдзысты дӕлвӕзты бӕлӕттау. Се ’ппӕт дӕр дзыназдзысты се ’наккаг миты аххосӕй.
Уыгӕрдӕн сӕ къухы куы бафтыд ӕмӕ куы бафсӕстысты, уӕд схъал сты. Рох дӕр Мӕ уымӕн фӕкодтой.
Израил йе Сфӕлдисӕджы ферох кодта ӕмӕ галуантӕ фӕцарӕзта. Иудӕ дӕр бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ бирӕ сарӕзта, фӕлӕ сӕ Ӕз арты хай бакӕндзынӕн, ӕмӕ сын уыцы арт аныхъуырдзӕн сӕ галуантӕ.
Байхъусут, Йаковы ӕлдӕрттӕ, Израилы хӕдзары фӕтӕгтӕ! Сымах ӕлгъ кӕнут раст тӕрхоныл, растӕй цы ис, уый ныггалиутӕ кӕнут.
Бафарста Дунедарӕджы зӕд: «Цӕй тыххӕй фӕнадтай дӕ хӕрӕджы ӕртӕ хатты? Уый Ӕз рацыдтӕн дӕ размӕ, цӕмӕй дӕ бакъуылымпы кӕнон, уымӕн ӕмӕ раст нӕ кӕныс Мӕ разы.
Хуыцауӕн фӕндон цы хъыг у, уый расайы фӕсмон, ахӕм фӕсмон та фервӕзынмӕ фӕндаг у ӕмӕ хъынцъыймаг нӕу. Дуне цы хъыг дӕтты, уый та мӕлӕт расайы.