20 Фӕлӕ ус йӕ мойы мӕнгардӕй куыд асайы, уыйау Мыл сайдӕй рацыдтӕ, Израил!» — зӕгъы Дунедарӕг.
Арвы кӕронӕй нӕм кады зарӕг хъуысы: «Кад уӕд Рӕстӕвзарӕн!» Фӕлӕ ӕз загътон: «Ме сӕфт ӕрцыди, додойаг фӕдӕн! Гадзрахатӕй цӕуынц уӕйгӕнджытӕ, сӕ гадзрахат фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны!»
Сымах ницы фехъуыстат, ницы зыдтат уый тыххӕй. Ӕцӕг, уӕ хъустӕ рагӕй нырмӕ дӕр ӕхгӕд сты. Ӕз рагацау зыдтон, фӕлитой кӕй стут, суанг уӕ мады гуыбынӕй фыдзыкъуыр кӕй рахастат, уый.
О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?
Израил ӕмӕ Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕ Мыл гадзрахатӕй рацыдысты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Дунедарӕг мын загъта: «Цу ӕмӕ бауарз, лӕгимӕ цӕргӕйӕ ма ӕндӕр лӕгтӕм дӕр йӕ хъус чи дары, ахӕм сылгоймаджы, раст мӕнӕ, Дунедарӕг израилӕгты куыд уарзы, фӕлӕ ма уыдон уӕддӕр ӕндӕр хуыцӕуттӕм сӕ хъус куыд дарынц ӕмӕ сын сӕ чисмисджын гуылтӕ куыд уарзынц, уыйау».
Дунедарӕгыл сӕ зӕрдӕ сивтой, уымӕн ӕмӕ дзӕгъӕлзад цот ныййардтой. Сӕ мӕйногтӕ сӕ ныр ӕд зӕххытӕ аныхъуырдзысты.
Уыдон та Адамау фехӕлдтой фидыд, сивтой Мыл сӕ зӕрдӕ.
Иудӕ ракодта мӕнгард ми, ӕлгъаг хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуынц Йерусалим ӕмӕ ӕгас Израилы. Иудӕ фегад кодта, Дунедарӕг кӕй уарзта, уыцы Кувӕндон, ӕцӕгӕлон хуыцаумӕ чи куывта, ахӕм чызджы ӕрхаста.