Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 3:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Скӕс-ма къуыбыртӕм: ӕлгъаг митӕ кӕм нӕ фӕкодтай, ахӕм бынат ма баззади? Араббаг лӕг ӕдзӕрӕг быдыры куыд фӕбады, уыйау фӕндаджы был бадтӕ ӕмӕ дӕ хӕзгултӕм ӕнхъӕлмӕ кастӕ. Дӕ хӕтын ӕмӕ дӕ мӕнгард митӕй фӕчъизи кодтай зӕхх!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 3:2
22 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ сылгоймаг йӕ идӕдзы дарӕс раласта, йӕхиуыл ӕмбӕрзӕн ӕркодта ӕмӕ афтӕмӕй Тимнамӕ фӕндагыл Енаимы кулдуары цур сбадти. Уымӕн ӕмӕ федта: Шела байрӕзти, фӕлӕ йын Тамары нӕ ракуырдтой.


Уыди йын авдсӕдӕ усы, уӕздан мыггӕгтӕй, стӕй ӕртӕсӕдӕ номылусы, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ Хуыцаумӕ ӕруазал кодтой.


Йерусалимы бакомкоммӕ, Елеоны хохӕн йӕ хуссарварс, сидойнаг мӕнгхуыцау Астартӕйӕн, моаваг мӕнгхуыцау Кемошӕн ӕмӕ аммонаг мӕнгхуыцау Милкомӕн Израилы паддзах Соломон йӕ заманы цы кувӕн къуыбыртӕ сарӕзта, уыдон дӕр фӕчъизи кодта.


Хуыцау сын арфӕ ракӕны, ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, сӕ фосӕн дӕр бакӕнӕнтӕ нал вӕййы.


Абырӕгау рӕсӕны бады ӕмӕ нӕлгоймӕгты ’хсӕн, сайдӕй чи цӕуы, ахӕмты нымӕц парахат кӕны.


мӕнгард, ӕнӕнцой ӕмӕ къӕйных, йӕ бон хӕдзары бадын кӕмӕн нал у, ахӕм.


Гӕныстонгӕнджытӕ фӕцӕуынц ӕдзӕрӕг быдыры къуыбыртыл, Дунедарӕджы кард ӕгас зӕхх ныхъуыры, ӕмӕ иу уд дӕр ӕнцой нал зоны.


Рагзаманы дын Ӕз ныппырх кодтон де ’фсондз, аскъуыдтон дын дӕ бӕндӕнтӕ. Ды загътай: «Ӕз гуымирытӕн нал лӕггад кӕндзынӕн». Фӕлӕ алы бӕрзонд къуыбырыл, алы къабузджын бӕласы бын хъахбай митӕ кодтай!


Куыд у дӕ бон афтӕ дзурын: «Сыгъдӕг дӕн ӕз, Баалты фӕдыл нӕ цыдтӕн!» Тъӕпӕны куыд цардтӕ, уый-ма ӕрымыс, цытӕ фӕкодтай, уыдӕттӕ ӕрӕмбар! Ӕвзонг сыл теуайау дыууӕрдӕм кодтай ӕдзухдӕр!


Ӕз уӕ бакодтон сойджын зӕхмӕ, цӕмӕй йын бафсӕдат йӕ хор ӕмӕ йӕ фарнӕй, сымах та Мын Мӕ зӕхмӕ бацыдыстут ӕмӕ йӕ фӕчъизи кодтат, сӕлгъаг Мын кодтат Мӕ исбон!


Лӕг йӕ бинойнаджы куы ауадза ӕмӕ уый ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд ма йӕм йӕ фыццаг лӕг раздӕхдзӕн? Ӕмӕ ахӕм хъуыддаг цы зӕххыл ӕрцӕуа, уый ӕгасӕй дӕр нӕ фӕчъизи уыдзӕн? Дӕуӕн та хӕзгултӕ бирӕ уыди, фӕлӕ Мӕм раздӕх! — зӕгъы Дунедарӕг. —


Ӕрмӕст дӕ фыдракӕндыл басӕтт, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ныхмӕ сыстадтӕ, алы къабузджын бӕласы бын ӕцӕгӕлӕттӕн рӕвдауӕн митӕ кодтай ӕмӕ Мын Мӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстай“, — зӕгъы Дунедарӕг.


Къуыбыртӕй хъуысы дзыназын, Израилы фыртты кӕуын ӕмӕ лӕгъстӕтӕ, уымӕн ӕмӕ галиу фӕндӕгтыл ацыдысты, ферох кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы!


Йе ’нӕуромгӕ хъахбай митӕй фӕчъизи кодта зӕхх, дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстимӕ хъахбай митӕ кодта.


Дӕ дадалитӕ акъуыр ӕмӕ сӕ фехс! Къуыбыртыл хъарӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ацы фӕлтӕрӕй, чи Йӕ смӕсты кодта, уыдонӕй Йе ’ргом аздӕхта!


Дӕ дарӕстӕ райстай ӕмӕ дзы дӕхицӕн сарӕзтай хӕзгулрӕвдауӕн къуыбыртӕ, ӕмӕ уымыты хъахбай митӕ кодтай дӕ хӕзгултимӕ; ахӕм хабар уымӕй размӕ никуыма ӕрцыд, стӕй сомбоны дӕр нал ӕрцӕудзӕн.


Ӕз сӕ ӕрбакодтон, сомы сын ракӕнгӕйӕ, Мӕ къух уӕлӕмӕ сисгӕйӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ, фӕлӕ адон сӕхицӕн бацагуырдтой алы къуыбыр ӕмӕ алы къабузджын бӕлас, ӕмӕ-иу ахӕм къуыбырыл, кӕнӕ ахӕм бӕласы бын аргӕвстой сӕ нывондӕгтӕ. Уыцы рӕтты-иу ӕрӕвӕрдтой сӕ хуынтӕ, хӕрздӕф буд-иу ссыгътой ӕмӕ калдтой сӕн“.


Ӕддӕкъах уыди сӕ мад ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ныййардта. Дзырдта, зӕгъгӕ, мӕ хӕзгулты фӕстӕ цӕудзынӕн: уыдон мын дӕттынц дзул ӕмӕ дон, къуымбил ӕмӕ гӕн, оливӕйы сой ӕмӕ нозт.


Зындоны хъизӕмар кӕнгӕйӕ, уый йӕ цӕстытыл схӕцыд ӕмӕ дардмӕ суыдта Авраамы, йӕ фарсмӕ та — Лазыры.


Кӕй басӕтдзыстут, уыцы адӕмты кувӕн бынӕттыл, сӕ хуыцӕутты кувӕндӕттыл кӕмдӕриддӕр бамбӕлат — бӕрзонд хӕхтыл уа, къуыбыртыл ӕви алы къабузджын бӕласы бын — ныффалгӕрон-иу сӕ кӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan