Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 3:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уыцы заман Иудӕйы байзӕддӕгтӕ Израилы фӕстагӕттӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ цӕгаты зӕххӕй, Ӕз уӕ фыдӕлтӕн исбонӕн кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ ацӕудзысты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 3:18
22 Iomraidhean Croise  

фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.


Мацӕмӕй тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн ӕмӕ уе ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн скӕсӕнӕй дӕр ӕмӕ ныгуылӕнӕй дӕр.


Цӕгатӕн зӕгъдзынӕн: „Ӕри Мын сӕ!“ Хуссарӕн та: „Мауал Мын сӕ уром!“ Дардӕй Мын ӕрбакӕнут Мӕ фыртты, зӕххы кӕрӕттӕй — Мӕ чызджыты,


Дзурдзысты афтӕ: „Цардӕгас у Дунедарӕг! Уый раздӕхта Израилы фыртты цӕгатаг зӕххӕй, кӕдӕм сӕ фӕсырдта, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй“. Уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз, сӕ фыдӕлтӕн сын кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ раздахдзынӕн.


Дзурдзысты афтӕ: «Цардӕгас у Дунедарӕг, Израилы байзӕддӕгты цӕгатӕй ӕмӕ, кӕдӕм сӕ фӕсырдта, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй Чи раздӕхта, Уый!» Ӕмӕ сӕхи зӕххыл цӕрдзысты.


Цӕугӕ ӕмӕ фехъусын кӕн цӕгаты: „Израилы чызг, гадзрахатӕй рацӕуӕг, раздӕх! — зӕгъы Дунедарӕг. — Мӕ маст дыл нӕ ныккалдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз хӕрзаудӕнгӕнаг дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ ӕнусмӕ нӕ мӕсты кӕндзынӕн.


Уымӕн ӕмӕ ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Мӕ адӕмы, Израил ӕмӕ Иудейы, уацарӕй раздахдзынӕн. Сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕхх радтон, уырдӕм сӕ ӕрбакӕндзынӕн, исбонӕн сын ӕй ратдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕз Мӕ адӕмы цӕгатаг бӕстӕй ӕрбакӕндзынӕн, зӕххы кӕрӕттӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Се ’хсӕн ис куырмытӕ ӕмӕ къуылыхтӕ, ӕнхъӕлцау сылгоймӕгтӕ, ӕвгъӕды бадджытӕ, — уыдон ардӕм ӕнӕнымӕцӕй раздӕхдзысты.


Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Израилӕн агурдзысты йӕ азым, фӕлӕ аххосджын нӕ разындзӕн, Иудӕйӕн агурдзысты йӕ тӕригъӕд, фӕлӕ йӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз, цардӕгасӕй кӕй ныууадздзынӕн, уыдонӕн ныххатыр кӕндзынӕн.


Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕ, кӕугӕйӕ, Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, агурӕг ацӕудзысты.


Сионмӕ агурдзысты фӕндаг, се ’ргом ӕм раздахдзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ацӕуӕм ӕмӕ Дунедарӕгимӕ, ферохгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕнусон фидыдӕй баиу уӕм“.


уӕд уӕ Ӕз ацы ран, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл, мыггагмӕ цӕргӕйӕ ныууадздзынӕн.


Уый фӕстӕ-иу зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн иннӕ адӕмтӕй, раздахдзынӕн уӕ, цы зӕххытыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй, ӕмӕ уын ратдзынӕн Израилы зӕхх.


Иудейӕгтӕ ӕмӕ израилӕгтӕ иумӕ ӕрбамбырд уыдзысты, сӕхицӕн иу фӕтӕджы сӕвӕрдзысты ӕмӕ уыцы бӕстӕй рацӕудзысты, уымӕн ӕмӕ Изреелмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр фидӕн.


Ефрем Мыл хинӕй цӕуы, Израил — сайдӕй, фӕлӕ Иудӕ Хуыцауимӕ ис, Уаз Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ нӕ ивы.


Дзуапп ӕрдомут уӕ ныййарӕг мадӕй, уымӕн ӕмӕ уый Мӕ бинойнаг нӕу, Ӕз та нӕ дӕн йӕ сӕрыхицау. Йӕ хъахбай митӕ ныууадзӕд, хъазинаг ма аразӕд йӕ риуӕй.


Сӕхи зӕххыл сын ауадздзынӕн сӕ уидӕгтӕ, ӕмӕ сӕ ничиуал срӕдувдзӕн, Ӕз сын кӕй радтон, уыцы зӕххӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, дӕ Хуыцау.


Ӕз Иудӕйы байзӕддӕгты сфидар кӕндзынӕн, Йосефы хӕдзарӕн ирвӕзындзинад ратдзынӕн ӕмӕ сӕ раздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сын ныххатыр кодтон. Цыма сӕ никуы ныууагътон, афтӕ уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз сӕ Дунедарӕг Хуыцау дӕн ӕмӕ сӕ фехъусдзынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan