11 Дунедарӕг мын загъта: «Израилы чызг мыл сайдӕй рацыди, фӕлӕ йӕ мӕнгард Иудей цӕсгомджындӕр у.
Сӕ фыдӕлты Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ бафӕндыд, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл сты ӕмӕ сын лӕггад кодтой. Адон дӕр сын фӕзмынц сӕ фыдракӕндтӕ. Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой».
«Раздӕхут Мӕм, гадзрахатӕй рацӕуӕг цот! Ӕз уын уӕ хивӕнд зӕрдӕтӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн». «Мӕнӕ Дӕм фӕцӕуӕм, уымӕн ӕмӕ Ды Дунедарӕг дӕ, нӕ Хуыцау!
Ӕмӕ йын Ӕз йе ’ппӕт хъуыддӕгты фӕстӕ загътон: «Раздӕх Мӕм!» Фӕлӕ Мӕм нӕ раздӕхти, ӕмӕ уый йӕ мӕнгард хо Иудей дӕр федта.
Израилы чызджы, сайдӕй рацӕуӕджы, Ӕз йӕ хъахбай миты тыххӕй куы арвыстон ӕмӕ йын уагъды ӕвдисӕндар куы радтон, уӕд федтон, йӕ мӕнгард хо Иудей кӕй нӕ фӕтарст, фӕлӕ уый дӕр ӕнӕуаг митыл кӕй бафтыд.
Фӕлӕ уыдоны ӕлгъаг митау нӕ уыдысты дӕ митӕ, уыдӕттӕ дын фаг нӕ уыдысты, ды уыдонӕй фӕфыддӕр дӕ.
Йӕ хо Охолива йын уый куы федта, уӕд уымӕй фыддӕр фӕци хӕтынмӕ ӕмӕ ӕнӕуаг митӕ кӕнынмӕ.
Се ’ргом Мӕ аздӕхтой мӕ адӕм, фӕстӕмӕ раздӕхын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй. Цӕмӕй Иууылбӕрзондмӕ се ’ргом раздахой, уый тыххӕй сӕм пехуымпартӕ сидынц, фӕлӕ Йын кад ничи кӕны.
Къӕйных дыгӕрдыгӕй уӕлдай коммӕ куынӕуал кӕсы Израил, уӕд ма сӕ Дунедарӕг уӕрыччытау парахат уыгӕрдӕны куыд хиза?