9 Уыцы адӕм уын рагуацы хуызы Мӕ номӕй дзурынц мӕнг ныхӕстӕ, Ӕз сӕ нӕ арвыстон», — зӕгъы Дунедарӕг.
Ӕз ацы пехуымпарты нӕ арвыстон, уыдон ӕрбазгъордтой сӕхӕдӕг! Ӕз семӕ нӕ дзырдтон, афтӕмӕй пехуымпариуӕг кодтой.
Ма хъусут, Вавилоны паддзахӕн йӕ цагъартӕ не суыдзыстут, зӕгъгӕ уын чи дзуры, уыцы пехуымпартӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ мӕнг сты.
„Ӕз сӕ нӕ арвыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. — Рагуацты хуызы мӕнг ныхӕстӕ дзурынц Мӕ номӕй, цӕмӕй уӕ Ӕз ацы зӕххӕй фӕсурон ӕмӕ фесӕфат уӕ пехуымпартимӕ“».
Колайы фырт Ахав ӕмӕ Маасеайы фырт Цедекиайы, Мӕ номӕй уын мӕнг ныхӕстӕ чи дзуры, уыдоны тыххӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ сӕ ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ уый уӕ цӕстыты раз амардзӕн.
Уымӕн ӕмӕ уыдон Израилы цъаммар митыл бафтыдысты: кӕйдӕр устытимӕ хъахбай митӕ кодтой, Ӕз сын нӕ бафӕдзӕхстон, афтӕмӕй Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой. Ӕппӕт уыдӕттӕ Ӕз зонын, Мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
«Хаст адӕммӕ ныффыс: Дунедарӕг нехеламаг Шемайайы тыххӕй афтӕ зӕгъы: Шемайа уын пехуымпариуӕг кӕй кодта, Ӕз ӕй нӕ арвыстон, афтӕмӕй уын мӕнг ныхӕстӕй ныфсытӕ кӕй ӕвӕрдта,
Дӕ пехуымпартӕ дӕ фӕсайдтой: дӕ тӕригъӕдтӕм дын нӕ амыдтой! Уӕ, дӕу нӕ бахъахъхъӕдтой уацарӕй! Сӕ рагуацтӕ уыдысты мӕнг!