8 Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уе ’хсӕн цы пехуымпартӕ ӕмӕ цы дӕсныфӕрсджытӕ ис, уыдон уӕ ма асайӕнт, фынтӕ ’взарджытӕм ма хъусут.
Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: «Пехуымпартӕ Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзурынц. Ӕз сӕ нӕ арвыстон, ницы сын бафӕдзӕхстон ӕмӕ семӕ нӕ дзырдтон. Рагуацты хуызы уын дзурынц мӕнг цӕстылуайӕнтӕ, тутт кӕлӕнтӕ ӕмӕ сӕхи гӕды ныхӕстӕ».
Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: ма хъусут пехуымпарты ныхӕстӕм, сӕ рагуацтӕм, сайгӕ уӕ кӕнынц уыдон. Дунедарӕджы ныхӕстӕ уын нӕ дзурынц, фӕлӕ, сӕ цӕстытыл цы ауад, уыдӕттӕ.
Ӕз ацы пехуымпарты нӕ арвыстон, уыдон ӕрбазгъордтой сӕхӕдӕг! Ӕз семӕ нӕ дзырдтон, афтӕмӕй пехуымпариуӕг кодтой.
Ӕз фехъуыстон, Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхӕстӕ. Адӕмӕн фӕзӕгъынц: «Ӕз фын федтон! Ӕз фын федтон!»
Ӕнхъӕлынц ӕмӕ, кӕрӕдзийӕн цы фынтӕ дзурынц, уыдоны тыххӕй Мӕ адӕм ферох кӕндзысты Мӕ ном, кӕддӕр сӕ фыдӕлтӕ Баалы тыххӕй Мӕ ном куыд ферох кодтой, афтӕ.
Ма хъусут пехуымпартӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм, фынтӕ ’взарджытӕм, кӕлӕнгӕнджытӕм ӕмӕ стъалыдӕснытӕм. Уыдон уын дзурынц, вавилойнаг паддзахӕн лӕггад нӕ кӕндзыстут, зӕгъгӕ.
Ӕмӕ пехуымпар Йеремиа загъта пехуымпар Хананиайӕн: «Хананиа, байхъус-ма! Дунедарӕг дӕ нӕ рарвыста! Ды ацы адӕмӕн мӕнг ныхӕстӕй зӕрдӕтӕ ӕвӕрыс.
Навуходоносор Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕмы ’хсӕн ма цы хистӕртӕ баззад, уыдонмӕ, стӕй сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Йеремиа Йерусалимӕй арвыста мӕнӕ ацы фыстӕг.
Сымах дзурут, Дунедарӕг нын Вавилоны дӕр пехуымпартӕ радта, зӕгъгӕ.
Колайы фырт Ахав ӕмӕ Маасеайы фырт Цедекиайы, Мӕ номӕй уын мӕнг ныхӕстӕ чи дзуры, уыдоны тыххӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ сӕ ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ уый уӕ цӕстыты раз амардзӕн.
Уымӕн ӕмӕ уыдон Израилы цъаммар митыл бафтыдысты: кӕйдӕр устытимӕ хъахбай митӕ кодтой, Ӕз сын нӕ бафӕдзӕхстон, афтӕмӕй Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой. Ӕппӕт уыдӕттӕ Ӕз зонын, Мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Уӕхи ма сайут ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл ма ут, цыма халдейӕгтӕ ардыгӕй ацӕудзысты. Нӕ уыдзӕн уый!
пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?
Дӕ пехуымпартӕ дӕ фӕсайдтой: дӕ тӕригъӕдтӕм дын нӕ амыдтой! Уӕ, дӕу нӕ бахъахъхъӕдтой уацарӕй! Сӕ рагуацтӕ уыдысты мӕнг!
Сӕ цӕстылуайӕнтӕ мӕнг сты, сӕ рагуацтӕ — фӕлывд. Уыдон дзурынц, Дунедарӕг загъта, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ Дунедарӕг нӕ рарвыста, афтӕмӕй зӕрдӕ бавӕрынц, нӕ дзырд, дам, сӕххӕст уыдзӕн.
Цыфӕнды фӕлитой дӕр исты куы ӕрымысид ӕмӕ куы зӕгъид, сӕн ӕмӕ махсымӕйӕн уӕм ныккӕнӕн дӕр нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр ацы адӕмӕн хорз пехуымпар суаид.
Уыцы бон ахӕм пехуымпартӕ, цы цӕстылуайӕнты кой кодтой, уыдонӕй ӕфсӕрмы кӕндзысты ӕмӕ адӕмы сайынӕн сӕ уӕлӕ сӕхъис нал скӕндзысты.
Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, ӕвзӕрстыты дӕр асайой.
Йесо сын загъта: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа, уымӕн ӕмӕ бирӕтӕ ӕрцӕудзысты Мӕ номӕй ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн“ ӕмӕ „Афон ӕрцыд“. Ма-иу ацӕут сӕ фӕдыл.
Сар уӕ сӕр, адӕм иууылдӕр уӕ хорзы кой куы кӕной, уӕд: ацы адӕмы фыдӕлтӕ дӕр мӕнгпехуымпартӕй афтӕ ӕппӕлыдысты.
Ахӕмтӕ нӕ Бардарӕг Чырыстийӕн нӕ, фӕлӕ сӕ чъизи монцтӕн кусынц, рӕсугъд ӕмӕ козбау ныхӕстӕй фӕливынц, ӕнӕхин чи у, уыдоны.
Уӕд нал уыдзыстӕм, алы ахуырӕдтӕ уылӕнтау кӕмӕй хъазынц ӕмӕ дымгӕйау кӕй ахӕссынц, ахӕм сабитӕ; сайынмӕ дӕсны чи у, уыдоны амӕттаг нал уыдзыстӕм.
Дзӕгъӕл ныхӕстӕй уӕ мачи асайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Хуыцау, басӕттын чи нӕ комы, уыдоныл Йӕ азар ныккалдзӕн.
Мачи уӕ макуыд асайӕд — мацы хуызы. Уымӕн ӕмӕ уал раздӕр хъуамӕ уа Хуыцауы ныхмӕ стыр ныхмӕлӕуд, ӕмӕ фӕзына фыддзинады буарыдзыд фӕлгонц — мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастӕуыд, уыцы адӕймаг.
Фыдзӕрдӕтӕ ӕмӕ фӕлитойтӕ та кӕндзысты ӕвзӕрӕй-ӕвзӕрдӕр, сӕхӕдӕг фӕсайды уыдзысты ӕмӕ иннӕты дӕр сайдзысты.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.
Фыццаг сырды номӕй йын цы диссӕгтӕ ӕвдисыны бар лӕвӕрд ӕрцыд, уыдонӕй фӕливы зӕххон цӕрджыты, дзуры сын, цӕмӕй, кардӕй цӕф чи уыд ӕмӕ ныр удӕгас чи у, уыцы сырды кадӕн саразой йӕ сурӕт.
Ӕмӕ ӕрцахстӕуыди сырды, стӕй, сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, стӕй, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыди судзгӕ сондоны цады.