Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 29:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Устытӕ курут ӕмӕ цот уадзут, уӕ фырттӕн устытӕ хӕссут ӕмӕ уӕ чызджыты моймӕ дӕттут, цӕмӕй уыдонӕн дӕр цот цӕуа. Ма фӕкъаддӕр ут, фӕлӕ сбирӕ ут уыцы зӕххыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 29:6
16 Iomraidhean Croise  

Измаел царди Параны ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ йын йӕ мад ус ӕркодта Мысыры зӕххӕй.


Мӕнӕ дын — Ревеккӕ. Акӕн ӕй, ӕмӕ, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ суӕд де ’лдары фырты ус».


Ревеккӕйӕн раарфӕ кодтой, загътой йын: «Дӕ байзӕддӕгтӕ ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ бауӕнт, нӕ хо! Фыдгулты сахартӕ дӕ цоты исбон суӕнт!»


Лаван ын загъта: «Ӕндӕр искӕмӕн раттыны бӕсты йӕ дӕуӕн ратдзынӕн. Ам баззай».


Шехем бахатыд йӕ фыд Хамормӕ: «Ацы чызджы мын ракур».


Цот уадзут уӕдӕ, ӕмӕ сбирӕ ут, зӕххӕн уӕз куыд кӕнат, афтӕ».


Цӕут ӕмӕ йӕ уӕхӕдӕг, кӕмдӕриддӕр уӕ фӕнды, уым амал кӕнут. Уыимӕ амайӕн дуртӕ та, ныронг цас арӕзтат, уый бӕрц аразут».


Уымӕ гӕсгӕ мӕн фӕнды, цӕмӕй ӕрыгон идӕдз устытӕ цӕуой моймӕ, арой сывӕллӕттӕ, уынаффӕ кӕной сӕ хӕдзӕрттӕн ӕмӕ ныхмӕлӕууӕгӕн мацы фадат дӕттой фауынӕн.


Уыди йын дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты. Йӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз чызджы моймӕ радта ӕмӕ йӕ фырттӕн дӕс ӕмӕ ссӕдз чызджы ӕрхаста. Авд азы дӕргъы Ивсан уыдис Израилы фӕтӕг.


Сӕхимӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕн загъта: «Тимнайы сахары иу филистимаг чызджы федтон, ӕмӕ мын ӕй ракурут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan