4 Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы ӕппӕт хаст адӕмӕн, Ӕз Йерусалимӕй Вавилонмӕ кӕй фӕсырдтон, уыдонӕн:
Ӕз фӕлдисын рухс дӕр ӕмӕ тар дӕр. Фарн дӕр ӕмӕ фыдбылыз дӕр Мӕнӕй рацӕуынц. Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕппӕт уыдӕттӕ Чи аразы, Уый.
Уӕдӕ уын Ӕз зӕгъдзынӕн, Мӕ сӕндонӕн цы бакӕндзынӕн, уый. Йӕ каутӕ йын афӕлдахдзынӕн — уадз ӕмӕ ныггӕныстон уа, йӕ быру йын ныппырх кӕндзынӕн — уадз ӕмӕ фосы къӕхты бын фӕуа.
«Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: ацы легъуитӕ куыд дзӕбӕх сты, ахӕм хӕрзтыл банымайдзынӕн, Иудейы бӕстӕй халдейӕгты зӕхмӕ уацары кӕй арвыстон, уыцы адӕмы.
«Уӕхицӕн хӕдзӕрттӕ аразут ӕмӕ дзы цӕрут, саразут дыргъдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргътӕй хӕрут.
Сахары сыкъауадындзы уасын куы райхъуыса, уӕд адӕм нӕ фӕтӕрсдзысты? Дунедарӕг бар куынӕ радта, уӕд сахары фыдбылыз ӕрцӕудзӕн?