Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 29:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уый уыди, паддзах Йехониа, йӕ мад, евнухтӕ, Иудей ӕмӕ Йерусалимы уӕздӕттӕ, куырдтӕ ӕмӕ ӕрмдӕсныты Йерусалимӕй куы акодтой, уый фӕстӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 29:2
13 Iomraidhean Croise  

Цы фырттӕ ма дын рантыса, уыдоны дӕр дын ахӕсдзысты Вавилонмӕ ӕмӕ сӕ уым паддзахы галуаны бафтаудзысты лӕггад кӕныныл».


Йегу рудзынгмӕ скасти ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Мӕ чапартӕ, кӕм стут?» Дыууӕ ӕви йӕм ӕртӕ евнухы ракасти рудзынгӕй.


Паддзах ӕмӕ йӕ мадӕн зӕгъ: «Сӕрныллӕгӕй ӕрбадут зӕххыл, уымӕн ӕмӕ уӕ кады худтӕ ӕрхаудысты».


Навуходоносор, Вавилоны паддзах, Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары акодта Иудейы паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй иудейаг уӕздӕтты, куырдты ӕмӕ ӕрмдӕсныты. Уыцы заман мын Дунедарӕг фенын кодта цӕстылуайӕн: мӕнӕ Дунедарӕджы хӕдзары цур лӕууынц дыууӕ чыргъӕды, легъуи бӕласы дыргътимӕ.


Иудейы паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй Иудейӕ Вавилонмӕ уацары кӕй акодтой, уыцы адӕмы се ’ппӕты дӕр фӕстӕмӕ ардӕм раздахдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз Вавилоны паддзахӕн йе ’фсондз ныппырх кӕндзынӕн».


Фӕлӕ сымах, хаст адӕм, Йерусалимӕй Вавилонмӕ кӕй арвыстон, уыдон, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!


Паддзахы галуаны барджынтӕй иу уыди эфиопаг, йӕ ном — Еведмелех. Уый, Йеремиайы цъайы кӕй ныппӕрстой, уыцы хабар фехъуыста. Уыцы рӕстӕг паддзах бадти Бениамины кулдуары раз.


Уыцы заман Израилы иунӕг куырд дӕр нӕ уыди — филистимӕгтӕ тарстысты, дзуттӕгтӕ сӕхицӕн кӕрдтӕ ӕмӕ ӕрцытӕ куы саразой, уымӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan