Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 29:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16-17 Фӕлӕ, Давиды бадӕны чи бады, уыцы паддзахы, стӕй ацы сахары цӕрӕг адӕмы, уемӕ уацары кӕй нӕ акодтой, уӕ уыцы ’фсымӕрты тыххӕй Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, афтӕ зӕгъы: уыдоны Ӕз кард, стонг ӕмӕ рыны амӕттаг бакӕндзынӕн, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрынмӕ цы легъуитӕ нӕ бӕззынц, уыдоны хуызӕн сӕ скӕндзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 29:16
11 Iomraidhean Croise  

Цедекиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди иу ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы.


Иу чыргъӕды — рагафон чи ӕрзади, ахӕм рӕсугъд дыргътӕ, иннӕйы та — хӕдӕвзӕрдтытӕ, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрынмӕ нӕ бӕззыдысты.


Ацы ӕвзӕр легъуиты, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдоны хъысмӕт та, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз бавзарын кӕндзынӕн иудейаг паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ уӕздӕттӕн, Йерусалимы цӕрджытӕй ацы зӕххыл цӕргӕйӕ чи баззади, уыдонӕн, стӕй, Мысырмӕ чи ацыди, уыдонӕн дӕр.


Фыстӕг йӕ бынатыл сӕмбӕлын кӕнын бабар кодта Шафаны фырт Еласа ӕмӕ Хилкиайы фырт Гемариайӕн, Иудейы паддзах Цедекиа вавилойнаг паддзах Навуходоносормӕ кӕй арвыста, уыдонӕн.


Уымӕ гӕсгӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн, Мӕ масты пиллонӕй сӕ бабын кӕндзынӕн, сӕ митӕ сын сӕхи сӕрыл ныххуырсдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan