12 Сымах мӕ ӕрцагурдзыстут, ацӕудзыстут ӕмӕ Мӕм скувдзыстут, ӕмӕ уӕ Ӕз фехъусдзынӕн.
Скуывта Йӕм, ӕмӕ йӕм Хуыцау Йӕ хъус ӕрдардта, айста йын йӕ куывд. Фӕстӕмӕ йӕ ’рбаздӕхта Йерусалиммӕ, йӕ паддзахы бадӕнмӕ. Ӕмӕ афтӕмӕй Менассиа базыдта, Дунедарӕг ӕцӕгӕйдӕр Хуыцау кӕй у, уый.
уацары сӕ кӕдӕм акодтой, уыцы зӕххыл Дӕм се ’ргом зӕрдиагӕй куы раздахой ӕмӕ Дӕм куы кувой, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх раттай, цы сахар равзӕрстай ӕмӕ ӕз Дӕ номыл цы Кувӕндон сарӕзтон, уыдонмӕ се ’ргом куы саразой,
Скувдзынӕ Йӕм, ӕмӕ дын дӕ куывд фехъусдзӕн, ды та дӕ сомы нӕ фӕсайдзынӕ.
Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.
О Дунедарӕг! Бӕллӕхы заман Дӕу агурынц адӕм, цӕмӕй сын ахъаз бакӕнай. Куы сӕ бафхӕрыс, уӕд дӕм мынӕг хъӕлӕсӕй фӕкувынц.
Сионы хохыл цӕрджытӕ, Йерусалимы адӕм, бирӕ нӕ калдзыстут уӕ цӕссыг. Хуыцау уын ныббардзӕни, куы Йӕм сдзыназат, уӕд. Куыддӕр уын фехъуса уӕ дзыназын, афтӕ уын дзуапп ратдзӕни.
Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.
Ардыгӕй цӕссыгкалгӕ цыдысты, фӕлӕ сӕ ныр Мӕхӕдӕг басабыр кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ, кӕуыл нӕ фӕкӕлдзысты, уыцы раст фӕндагыл цӕугӕдӕттӕм акӕндзынӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Израилы фыд, Мӕ фыццаг зӕнӕг Ефрем у!
балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.
Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕ, кӕугӕйӕ, Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, агурӕг ацӕудзысты.
О, карды цӕфӕй чи аирвӕзт, уыдон! Цӕугӕут, мауал кӕнут фӕстиат! Ма-иу ферох кӕнут Дунедарӕджы дард бӕстӕйы, Йерусалим уӕ зӕрдӕты ӕрцӕрӕд.
Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ахӕм хорзы дӕр ма бацӕудзынӕн Израилы адӕмӕн, ӕмӕ сӕ сбирӕ кӕндзынӕн фосы дзугау.
Ефрем, гуымирытимӕ Мӕнӕн иумӕйагӕй цы ис? Сымах тыххӕй дзуапп дӕр Ӕз дӕттын ӕмӕ уыл мӕт дӕр Ӕз кӕнын. Ӕз дӕн, ӕдзух цъӕх чи дары, уыцы кипарисау, уӕ бӕркад рацӕуы Мӕнӕй».
Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»