Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 29:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Навуходоносор Йерусалимӕй Вавилонмӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕмы ’хсӕн ма цы хистӕртӕ баззад, уыдонмӕ, стӕй сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Йеремиа Йерусалимӕй арвыста мӕнӕ ацы фыстӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 29:1
16 Iomraidhean Croise  

Сахарӕй йӕ размӕ рацыд иудейаг паддзах Йехониа, йӕ мадимӕ, йӕ барджынтимӕ, йе ’фсады хицӕуттимӕ ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртимӕ. Вавилоны паддзахы хицаудзинадыл цыди ӕстӕм аз, Йехониайы уацары куы райста, уӕд.


Уалдзӕджы йӕм Навуходоносор арвыста, ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодтой, ноджы ма рахастой Дунедарӕджы Кувӕндоны зынаргъ дзауматӕ дӕр. Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн та паддзахӕй сӕвӕрдта уымӕн йе ’фсымӕр Цедекиайы.


Уыцы хабӕрттӕ иууылдӕр Мардохей фӕфыста ӕмӕ йӕ фыстӕг Ксерксы паддзахады цӕрӕг иудейӕгтӕм — дард ран уой, хӕстӕг ран уой — се ’ппӕтмӕ дӕр фервыста, цӕмӕй ӕрвылаз адары мӕйы цыппӕрдӕсӕм ӕмӕ фынддӕсӕм бонтӕ бӕрӕг кӕной.


Ӕмӕ уыцы азы ӕвдӕм мӕйы пехуымпар Хананиа амарди.


Иудейы паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй Иудейӕ Вавилонмӕ уацары кӕй акодтой, уыцы адӕмы се ’ппӕты дӕр фӕстӕмӕ ардӕм раздахдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз Вавилоны паддзахӕн йе ’фсондз ныппырх кӕндзынӕн».


Фӕлӕ сымах, хаст адӕм, Йерусалимӕй Вавилонмӕ кӕй арвыстон, уыдон, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уе ’хсӕн цы пехуымпартӕ ӕмӕ цы дӕсныфӕрсджытӕ ис, уыдон уӕ ма асайӕнт, фынтӕ ’взарджытӕм ма хъусут.


Ныффыстой ӕмӕ сын семӕ арвыстой ахӕм фыстӕг: «Апостолтӕй ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕй, уе ’фсымӕртӕй — Антиохийы, Сирийы ӕмӕ Киликийы муртаттӕгтӕй Хуыцаумӕ чи аздӕхт, уыцы ӕфсымӕртӕм. Фӕрнджын ут.


Кӕд уӕ мӕ фыстӕгӕй зӕрдӕхъыджы бафтыдтон — фӕсмойнаг мын нӕу. Ӕз федтон: кӕд цыбыр рӕстӕгмӕ, уӕддӕр уын мӕ фыстӕг ӕрхаста зӕрдӕхъыг, ӕмӕ йыл хъынцъыймаг фӕдӕн.


Уынут, мӕхи къухӕй уӕм цы стыр дамгъӕтӕй ныффыстон!


Курын уӕ, ӕфсымӕртӕ, байхъусут ацы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕм. Ӕз уӕм бирӕ дӕр куы нӕ ныффыстон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan