Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 28:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Пехуымпар-иу рагацау сабырдзинады кой куы скодта, уӕд-иу, Дунедарӕг ӕцӕг кӕй рарвыста, ахӕм пехуымпар кӕй у, уый-иу, ӕрмӕстдӕр йӕ ныхӕстӕ куы сӕххӕст сты, уӕд рабӕрӕг ис».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 28:9
9 Iomraidhean Croise  

Мӕ цагъарӕн сфидар кӕнын йӕ пехуымпар ныхас, сӕххӕст кӕнын Ме ’рвыст лӕгты дзырд. Ныр Йерусалимӕн зӕгъын, дӕ мидӕг та ӕрцӕрӕнт адӕм, зӕгъгӕ. Иудейы сахартӕн дӕр зӕгъын, ногӕй та арӕзт ӕрцӕудзыстут, уӕ кӕлддзӕгты бынаты ног хӕдзӕрттӕ сараздзынӕн, зӕгъгӕ.


Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Пехуымпартӕ сын дзурынц: „Сымах кард нӕ фендзыстут ӕмӕ стонг нӕ бавзардзыстут. Ӕз уын ацы бынаты балӕвар кӕндзынӕн фидар сабырдзинад“».


Ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, Ды ацы адӕмы, Йерусалимы цӕрджыты, сайгӕ акодтай, сабыр цардӕй сын зӕрдӕ куы бавӕрдтай, уӕд? Ау, кардӕй сӕ фӕмардзысты?»


Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕ дзӕбӕх кӕнынц ӕнӕсӕрфатӕй, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, афтӕмӕй сабырдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй.


Ӕнӕсӕрфатӕй дзӕбӕх кӕнынц Мӕ адӕмы хъӕдгӕмттӕ, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, афтӕмӕй сабырдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй.


Фӕлӕ дӕ рагуац куы сӕххӕст уа, — ныридӕгӕн ӕххӕст кӕнын райдыдта, — уӕд базондзысты, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд, уый».


Чи зоны, ды дӕхинымӕр зӕгъай: „Ӕмӕ куыд базондзыстӕм мах, Дунедарӕгӕй чи нӕ рацыди, уыцы ныхас?“


Пехуымпар Дунедарӕджы номӕй кӕй зӕгъа, уыцы ныхас куынӕ ӕрцӕуа ӕмӕ куынӕ сӕххӕст уа, уӕд йӕ ныхас Дунедарӕгӕй нӕ рацыд, фӕлӕ йӕ пехуымпар къӕйныхӕй загъта йӕхӕдӕг, ма дзы тӕрс.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan