2 «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз вавилойнаг паддзахы ӕфсондз ныппырх кӕндзынӕн.
Уый фӕстӕ йын ӕппӕт адӕмы раз загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дыууӕ азы фӕстӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕппӕт адӕмы бӕрзӕйыл цы ’фсондз сӕвӕрдта, уый Ӕз афтӕ ныппырх кӕндзынӕн». Йеремиа йӕ фӕндагыл ацыди.
Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый, — цӕмӕй мысырӕгтӕн цагъартӕ мауал уат. Ӕз уын уе ’фсондз ныссастон, цӕмӕй сӕргуыбырӕй ма цӕуат.
Йе ’лдӕрттӕ тӕрхон кӕнынц гӕртӕмттыл, сауджынтӕ зонд амонынц фиддоныл, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ уӕй кӕнынц ӕхцайыл, афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Дунедарӕджы ӕххуысмӕ ӕмӕ дзурынц: «Ау, Дунедарӕг не ’хсӕн нӕй? Фыдбылыз ныл не ’рцӕудзӕн».