Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 28:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уый фӕстӕ йын ӕппӕт адӕмы раз загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дыууӕ азы фӕстӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕппӕт адӕмы бӕрзӕйыл цы ’фсондз сӕвӕрдта, уый Ӕз афтӕ ныппырх кӕндзынӕн». Йеремиа йӕ фӕндагыл ацыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 28:11
13 Iomraidhean Croise  

Зӕронд лӕг та йын загъта: «Ӕз дӕр пехуымпар дӕн дӕуау. Дунедарӕджы дзырдӕй мын зӕд бафӕдзӕхста, дӕ хӕдзармӕ йӕ бахон ӕмӕ къӕбӕр дӕр бахӕрӕд ӕмӕ дон дӕр бануазӕд, зӕгъгӕ». Асайдта йӕ,


Израилы паддзах фӕсидти пехуымпартӕм, иу-цыппарсӕдӕ лӕгмӕ, ӕмӕ сӕ бафарста: «Галаадаг Рамоты ныхмӕ схӕцон ӕви нӕ?» «Схӕц, — дзуапп ын радтой уыдон, — Дунедарӕг дын ӕй дӕ къухтӕм ратдзӕн».


Сӕ иу, Кенаанайы фырт Цедекиа, йӕ сӕрыл ӕрсагъта ӕфсӕн сыкъатӕ ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацы сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ бындзагъд фӕуой, уӕдмӕ».


Ӕдылыйӕ дӕхи дард лас — зондджын ныхас дзы нӕ фехъусдзынӕ.


Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: «Пехуымпартӕ Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзурынц. Ӕз сӕ нӕ арвыстон, ницы сын бафӕдзӕхстон ӕмӕ семӕ нӕ дзырдтон. Рагуацты хуызы уын дзурынц мӕнг цӕстылуайӕнтӕ, тутт кӕлӕнтӕ ӕмӕ сӕхи гӕды ныхӕстӕ».


Ӕлгъ Мыл чи кӕны, уыдонӕн дзурынц: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: сабырдзинад уыдзӕн уӕ зӕххыл». Хивӕндӕй чи цӕры, уыцы адӕмы сайынц: «Фыдбылызтӕ уыл не ’рцӕудзысты».


Ӕмӕ пехуымпар Йеремиа загъта пехуымпар Хананиайӕн: «Хананиа, байхъус-ма! Дунедарӕг дӕ нӕ рарвыста! Ды ацы адӕмӕн мӕнг ныхӕстӕй зӕрдӕтӕ ӕвӕрыс.


Уыцы адӕм уын рагуацы хуызы Мӕ номӕй дзурынц мӕнг ныхӕстӕ, Ӕз сӕ нӕ арвыстон», — зӕгъы Дунедарӕг.


Уӕ цӕстылуайӕн — мӕнг, уӕ рагуац дӕр — фӕлывд! Сымах дзурут: „Уый Дунедарӕг загъта“, афтӕмӕй та Ӕз нӕ загътон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan