10 Пехуымпар Хананиа Йеремиайӕн йӕ бӕрзӕйӕ ’фсондз систа ӕмӕ йӕ ныппырх кодта.
Сӕ иу, Кенаанайы фырт Цедекиа, йӕ сӕрыл ӕфсӕн сыкъатӕ ӕркодта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ахӕм сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ бындзагъд фӕуой, уӕдмӕ».
Дунедарӕг мын загъта: «Сахсӕн ӕмӕ ӕфсондз сараз ӕмӕ сӕ дӕ хъуырыл ӕрцауындз.
«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз вавилойнаг паддзахы ӕфсондз ныппырх кӕндзынӕн.
Иудейы паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй Иудейӕ Вавилонмӕ уацары кӕй акодтой, уыцы адӕмы се ’ппӕты дӕр фӕстӕмӕ ардӕм раздахдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз Вавилоны паддзахӕн йе ’фсондз ныппырх кӕндзынӕн».
Вавилойнаг паддзах сымахмӕ, ацы зӕхмӕ, не ’рбабырсдзӕн, зӕгъгӕ, цы пехуымпартӕ дзырдтой, уыдон цы фесты?
Тахпанхесы сахары мидӕг Мысыры ӕфсондз куы ныппырх кӕнон, уӕд уым батар уыдзӕни бон. Мысыр сӕрыстыр кӕмӕй у, йӕ уыцы хъомысӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн. Мигъы бын фӕуыдзӕни Мысыр, йӕ сахарты адӕм та бахаудзысты уацары.
Сымах къӕйныхӕй дзурут Мӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Зӕгъдзыстут Мын: «Цымӕ цы дзурӕм?»