Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 27:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Фӕлӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн ныр лӕггад чи нӕ кӕна ӕмӕ йын йе ’фсондз йӕ уӕлӕ чи не ’ркӕна, уыцы адӕмы кӕнӕ паддзахады Ӕз бафхӕрдзынӕн кард, стонг ӕмӕ рынӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уый къухӕй сӕ фесафдзынӕн бынтондӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 27:8
15 Iomraidhean Croise  

Кардӕй сӕ ныццӕгъддзынӕн, стонг ӕмӕ сын рын бавзарын кӕндзынӕн, цалынмӕ, сӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ сын сӕхицӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕй бынтондӕр фесӕфой, уӕдмӕ».


уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.


Вавилойнаг паддзахы ӕфсондз йӕ уӕлӕ чи ӕркӕна ӕмӕ йын лӕггад чи кӕна, уыцы адӕмы Ӕз сӕхи зӕххыл ныууадздзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — кусдзысты сӕ зӕхх ӕмӕ йыл цӕрдзысты“».


Дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр кард, стонг ӕмӕ рынӕй цӕмӕн хъуамӕ бабын уат? Дунедарӕг ахӕм тӕрхон рахаста, Вавилоны паддзахӕн лӕггад чи нӕ кӕна, уыцы адӕмтӕн.


Уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз уыцы адӕмтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бӕрзӕйыл ӕфсӕйнаг ӕфсондз бакӕндзынӕн, цӕмӕй Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн лӕггад кӕной, уый тыххӕй. Уыдон суыдзысты йӕ цагъартӕ, суанг ын хъӕддаг сырдты дӕр бакӕндзынӕн йӕ дӕлбар“».


Иудейы паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй Иудейӕ Вавилонмӕ уацары кӕй акодтой, уыцы адӕмы се ’ппӕты дӕр фӕстӕмӕ ардӕм раздахдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз Вавилоны паддзахӕн йе ’фсондз ныппырх кӕндзынӕн».


Сӕ фӕдыл кард, стонг ӕмӕ рынимӕ зилдзынӕн, ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн ӕнӕуынон суыдзысты. Цы адӕмтӕм сӕ фӕсурдзынӕн, уыдоны ’хсӕн сӕ ӕлгъитдзысты, стыр тасы бацӕудзысты сӕ уындӕй, ӕлгъаг ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзысты,


Цӕмӕй сын сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ адӕмы дӕр басабыр кӕна, уый тыххӕй Ахикамы фырт Гедалиа, Шафаны фырты фырт, расомы кодта: «Халдейӕгты барджын хицӕуттӕй ма тӕрсут, ӕрцӕрут ацы бӕстӕйы. Вавилоны паддзахӕн лӕггад кӕнут, ӕмӕ уын хорз уыдзӕни.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ цыппар ӕфхӕрды — кард, стонг, тугдзых сырдтӕ ӕмӕ емынӕ — куы ныххуырсон Йерусалимыл, йӕ адӕм ӕмӕ йын йӕ фосы куы ныццӕгъдон,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan