Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 27:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Иудейаг паддзах Цедекиамӕ минӕвӕрттӕ ӕрбацыдысты Йерусалиммӕ, ӕмӕ сӕ уыдонимӕ Едом, Моав, Тир, Сидон ӕмӕ Аммоны фыртты паддзӕхтӕм арвит.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 27:3
12 Iomraidhean Croise  

Цедекиа сыстади паддзах Навуходоносоры ныхмӕ, кӕд ын уый Хуыцауы раз ард бахӕрын кодта, уӕддӕр. Ахӕм хивӕнд ӕмӕ хиваст разынди, ӕмӕ йӕ ӕппындӕр Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, йе ’ргом раздахын нал фӕндыд.


Ныр дӕ худинаджы хъӕр айхъуысти, Сидон! Мӕнӕ цы зӕгъы денджыз, денджызгӕрон фидар: «Мӕ цотӕй ӕнӕхай фӕдӕн, раст цыма арыны тухӕнтӕ не ’взӕрстон ӕмӕ цот нӕ ныййардтон; раст цыма не схастон лӕппутӕ ӕмӕ не схъомыл кодтон чызджытӕ».


Уыцы ныхӕстӕ Ӕз иууылдӕр иудейаг паддзах Цедекиайӕн рафӕзмыдтон. Загътон ын: «Вавилойнаг паддзахы ӕфсондз уӕ уӕлӕ ӕркӕнут, йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йын йӕ адӕмӕн дӕр лӕггад кӕнут ӕмӕ цӕрдзыстут.


Сӕ паддзӕхтӕн сын афтӕ зӕгъын бафӕдзӕхс: „Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, Израилы Хуыцау, зӕгъы:


Паддзах Цедекиа цыппӕрӕм аз хицауиуӕг кодта Иудейы. Уыцы азы фӕндзӕм мӕй мын гивонаг пехуымпар, Аззуры фырт Хананиа, Дунедарӕджы хӕдзары, сауджынтӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз загъта:


«Адӕймаджы фырт! Вавилоны паддзах Навуходоносор Тиры сахарыл куы ӕртыхст, уӕд тынг бакусын кодта йе ’фсадӕн. Фыргуыстӕй сӕ сӕртӕ сцӕгӕр сты ӕмӕ сӕ уӕхсчытӕ стугӕрхӕмттӕ сты. Фӕлӕ Навуходоносор Тиры ныхмӕ цы хъазуатон куыст бакодта, уый тыххӕй нӕдӕр йӕхӕдӕг райста хӕрзиуӕг, нӕдӕр йе ’фсад.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Тиры фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ уацайрӕгты се ’ппӕты дӕр едомӕгты къухтӕм радтой, ӕфсымӕрон фидыд фехӕлдтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan