Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 27:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 „Уыдон дӕр Вавилонмӕ ласт ӕрцӕудзысты ӕмӕ уым баззайдзысты, цалынмӕ Мӕ тӕрхоны рӕстӕг нӕ ралӕууа, — зӕгъы Дунедарӕг, — цалынмӕ сӕ Ӕз нӕ рахӕссын кӕнон ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ацы бынатмӕ нӕ раздахон, уӕдмӕ“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 27:22
24 Iomraidhean Croise  

Халдейӕгтӕ ныцъцъӕл, ныммур кодтой Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕрхуы цӕджындзтӕ ӕмӕ уыдонӕн сӕ бынӕнцайӕнтӕ, стӕй ӕрхуы денджыз. Ӕрхуы иууылдӕр Вавилонмӕ аластой.


Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йеремиайы уылты цы загъта, уый. Зӕхх дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы уыди гӕныстон, афтид, цалынмӕ, Израил цы сабаты азтӕ нӕ бӕрӕг кодта, уыдон нӕ баххӕст сты, уӕдмӕ.


Сыгъзӕрин ӕмӕ дзы ӕвзист мигӕнӕнтӕ ӕдӕппӕтӕй уыди фондз мин цыппарсӕдӕ. Адӕм Вавилонӕй Йерусалиммӕ фӕстӕмӕ куы здӕхтысты, уӕд ӕппӕт уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр йемӕ райста Шешбаццар.


Дӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн дын лӕвӕрд цы мигӕнӕнтӕ ӕрцыдис, уыдон та сӕвӕр Йерусалимы Хуыцауы раз.


Фыццаг мӕйы фыццаг бон рараст ис Езра Вавилонӕй ӕмӕ фӕндзӕм мӕйы фыццаг бон бахӕццӕ Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ йыл Хуыцау Йӕ арм дардта.


Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.


Ацы сахары исбон ӕгасӕй дӕр: йе ’ппӕт ӕфтиӕгтӕ, зынаргъ дзаумайӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон, Иудейы паддзӕхты ӕппӕт хӕзнатӕ, Ӕз ратдзынӕн знӕгты къухтӕм. Уыдон бӕстӕ сафтид кӕндзысты ӕмӕ се ’фтиӕгтӕ Вавилонмӕ аласдзысты.


Ӕппӕт адӕмтӕ йын лӕггад кӕндзысты, стӕй йӕ фырт ӕмӕ йӕ фырты фыртӕн дӕр, цалынмӕ йӕ зӕххӕн дӕр йӕ рӕстӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ йын лӕггад кӕндзысты.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Вавилонӕн цы ӕвдай азы нысангонд ӕрцыд, уыдон куы фӕуой, уӕд уӕм ӕркӕсдзынӕн, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн — раздахдзынӕн уӕ ацы бынатмӕ.


Уый Цедекиайы акӕндзӕн Вавилонмӕ, ӕмӕ уым баззайдзӕн, цалынмӕ йӕм Ӕз не ’ркӕсон, уӕдмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Халдейӕгты ныхмӕ куы тох кӕнат, уӕд сыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзыстут“».


«Дунедарӕджы, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Ацу Иудейы паддзах Цедекиамӕ ӕмӕ йын Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, номӕй афтӕ зӕгъ: Ӕз ацы сахар дӕттын вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ, ӕмӕ йӕ басудздзӕн.


Дӕхӕдӕг дӕр паддзахӕй нӕ аирвӕздзынӕ, ӕрцахсдзысты дӕ, ӕмӕ йӕ къухмӕ бахаудзынӕ. Вавилоны паддзахы раз ӕрлӕудзынӕ, йемӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕндзынӕ ӕмӕ Вавилонмӕ уацары ацӕудзынӕ.


сабыр зӕххыл дӕ мӕлӕт ссардзынӕ. Дӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ, дӕ размӕ чи уыди, уыцы паддзӕхтӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ куыд сыгътой, афтӕ дӕ номыл дӕр буд ссудздзысты ӕмӕ, додой, нӕ хицау, зӕгъгӕ, хъарӕг кӕндзысты.“ Уый Ӕз рагацау Мӕхӕдӕг, — зӕгъы Дунедарӕг».


Дӕхи уӕларвы Бардарӕгӕй уӕлдӕр сӕвӕрдтай. Йӕ Хӕдзары кӕхцытӕ дын дӕ размӕ ӕрбахастой, ӕмӕ де ’лдӕрттӕ, дӕ устытӕ ӕмӕ дӕ номылустытимӕ уыдонӕй сӕн нуӕзтай. Ӕвзист, сыгъзӕрин, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, хъӕдын ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕутты кады аккаг скодтай. Уыдон та сты куырм, къуырма ӕмӕ ӕнӕзонд. Дӕ царды комулӕфт кӕй къухы ис ӕмӕ Дӕ фӕндӕгтӕ кӕй бар сты, уыцы Хуыцауы та кады аккаг не скодтай.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan