10 Рагуацты хуызы уын мӕнг ныхӕстӕ хъусын кӕнынц, цӕмӕй уӕ зӕххӕй хауӕццаг фӕуат, цӕмӕй уӕ Ӕз фӕсурон ӕмӕ бабын уат.
Кӕлӕнгӕнӕг сылгоймаджы удӕгасӕй ма ныууадз.
Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: «Пехуымпартӕ Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзурынц. Ӕз сӕ нӕ арвыстон, ницы сын бафӕдзӕхстон ӕмӕ семӕ нӕ дзырдтон. Рагуацты хуызы уын дзурынц мӕнг цӕстылуайӕнтӕ, тутт кӕлӕнтӕ ӕмӕ сӕхи гӕды ныхӕстӕ».
Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: ма хъусут пехуымпарты ныхӕстӕм, сӕ рагуацтӕм, сайгӕ уӕ кӕнынц уыдон. Дунедарӕджы ныхӕстӕ уын нӕ дзурынц, фӕлӕ, сӕ цӕстытыл цы ауад, уыдӕттӕ.
Ӕз фехъуыстон, Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхӕстӕ. Адӕмӕн фӕзӕгъынц: «Ӕз фын федтон! Ӕз фын федтон!»
Ма хъусут, Вавилоны паддзахӕн йӕ цагъартӕ не суыдзыстут, зӕгъгӕ уын чи дзуры, уыцы пехуымпартӕм, уымӕн ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ мӕнг сты.
„Ӕз сӕ нӕ арвыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. — Рагуацты хуызы мӕнг ныхӕстӕ дзурынц Мӕ номӕй, цӕмӕй уӕ Ӕз ацы зӕххӕй фӕсурон ӕмӕ фесӕфат уӕ пехуымпартимӕ“».
Уый фӕстӕ ӕз сауджынтӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн фехъусын кодтон: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ма хъусут пехуымпартӕм; уыдон уын дзурынц, тагъд рӕстӕджы Дунедарӕджы хӕдзары дзаума фӕстӕмӕ Вавилонӕй ласт ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Сӕ ныхӕстӕ мӕнг сты.
Уый фӕстӕ йын ӕппӕт адӕмы раз загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дыууӕ азы фӕстӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕппӕт адӕмы бӕрзӕйыл цы ’фсондз сӕвӕрдта, уый Ӕз афтӕ ныппырх кӕндзынӕн». Йеремиа йӕ фӕндагыл ацыди.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Зӕххы цъарӕй дӕ фесафдзынӕн: ацы аз амӕлдзынӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтай».
Ацы сахар арӕзт куы ’рцыди, уӕдӕй абонмӕ йӕм мӕстӕй судзын, ӕмӕ дзы Ме ’ргом аздахдзынӕн, Иудей ӕмӕ Израилы фырттӕ, хуымӕтӕг адӕмӕй паддзӕхты онг, сӕ сауджынтӕ ӕмӕ сӕ пехуымпартӕ, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ кӕй фӕкодтой ӕмӕ-иу сӕм Мӕ маст кӕй тыххӕй ссыгъд, уыцы фыдракӕндты тыххӕй.
Дард бӕстӕй Мӕ адӕмы ӕрдиаг хъуысы: „Ау, Сионы Дунедарӕг нӕй? Ау, Паддзах дзы нал ис?“» «Цӕмӕн Мӕ мӕсты кодтой сӕ гуымирытӕй, ӕндӕрбӕстаг мӕнг хуыцӕуттӕй?»
Дӕ пехуымпартӕ дӕ фӕсайдтой: дӕ тӕригъӕдтӕм дын нӕ амыдтой! Уӕ, дӕу нӕ бахъахъхъӕдтой уацарӕй! Сӕ рагуацтӕ уыдысты мӕнг!
Мӕ хуыссӕнуаты ӕз мӕ фыны федтон: зӕххы астӕу егъау ӕмӕ фидар бӕлас лӕууыд, йӕ цъуппӕй арвыл ӕндзӕвыд ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм зынди.
Хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ та сайгӕ кӕнынц; дӕснытӕ мӕнг цӕстылуайӕнтӕ уынынц ӕмӕ мӕнг фынтӕ дзурынц, ныфсытӕ ӕвӕрынц тутт ныхӕстӕй. Уымӕ гӕсгӕ адӕм фыстау сдзӕгъӕл сты, фыййау сын нӕй.
Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Ма уӕд уе ’хсӕн: йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы арты нывондӕн чи ӕрхӕсса, ахӕмтӕ; дӕсныфӕрсджытӕ, хингӕнджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ;