Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 26:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Чи зоны, байхъусой, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза. Ӕмӕ уӕд аивдзынӕн Мӕ фӕндон, сӕ фыдракӕндты аххосӕй сыл цы бӕллӕх ӕруадзынмӕ хъавын, уый сын нал бавзарын кӕндзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 26:3
15 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ йын ныр Илийа цытӕ радзырдта, уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта, куы-иу схуыссыд, уӕд дӕр-иу ӕй нӕ раласта; ком дардта ӕмӕ ӕрхӕндӕгӕй рацу-бацу кодта.


«Кӕсыс, Ахав Мӕ разы куыд ӕртасыди, уымӕ! Афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй йын Ӕз йӕ мыггаг, цалынмӕ йӕхӕдӕг ӕгас у, уӕдмӕ фыдбылызы амӕттаг нӕ бакӕндзынӕн; йӕ фырт паддзах куы суа, уӕд бафтаудзынӕн фыдбылызтӕ йӕ хӕдзарыл».


Уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхасмӕ хъусут, ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Йӕ фӕндон аивдзӕн, рагацау уын цы бӕллӕх снысан кодта, уый уын нал бавзарын кӕндзӕн.


Фӕлӕ йӕ, ау, паддзах Езекиа ӕмӕ ӕппӕт иудейӕгтӕ уыцы ныхӕсты тыххӕй маргӕ акодтой? Ау, паддзах Дунедарӕгӕй нӕ фӕтарст ӕмӕ Йын лӕгъстӕ нӕ кодта? Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Йӕ фӕндон аивта, цы фыдбылыз сын ӕрцӕттӕ кодта, уый сӕ аздӕхта. Мах та нӕхӕдӕг нӕхи фыдбылызы ӕппарӕм!»


Чи зоны, ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, цы бӕллӕхтӕ сыл ӕруадзинаг дӕн, уый бамбарой, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза. Ӕмӕ сын уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ныббардзынӕн».


Чи зоны, Дунедарӕгмӕ сӕрныллӕгӕй скувой ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза, уымӕн ӕмӕ сӕм Дунедарӕг ӕртхъирӕн кӕны йӕ судзгӕ маст ӕмӕ йӕ фыдӕхы хай сӕ бакӕнынӕй».


Фӕлӕ ды, адӕймаг, ӕрӕмбырд кӕн дӕ дзауматӕ дӕ цӕрӕнбынат аивыны охыл ӕмӕ уыдоны раз боныгон ӕрцӕр ӕндӕр ран. Чи зоны ӕмӕ уӕд бамбарой, куыд хивӕнд сты, уый.


Фӕлӕ ӕнаккаг дӕр йӕ раздӕры тӕригъӕдтӕ куы ныууадза ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ куы нымайа, рӕстгӕнӕг ӕмӕ ӕгъдауджын куы суа, уӕд цӕргӕйӕ баззайдзӕн, нӕ амӕлдзӕн.


Мӕ судзгӕ масты фӕдыл нӕ ацӕудзынӕн, нӕ фесафдзынӕн Ефремы. Уымӕн ӕмӕ Ӕз уе ’хсӕн адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕн Уаз ӕмӕ сахармӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, нӕ бацӕудзынӕн».


Чи зоны, ӕмӕ уын ныббара, Йӕ арфӕйӕ уӕ схайджын кӕна, ӕмӕ та уӕ Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ хӕссат.


Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг! Мӕхи бӕстӕйы ма куы цардтӕн, уӕд ууыл нӕ дзырдтон, мыййаг? Таршишмӕ лидзын дӕр уый тыххӕй сфӕнд кодтон, уымӕн ӕмӕ зыдтон, фӕлмӕнзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бирӕбараг Хуыцау кӕй дӕ ӕмӕ Дӕ фыдбылыз ӕруадзын кӕй нӕ фӕнды, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan