Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 26:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Паддзах Иоаким Мысырмӕ арвыста Ахборы фырт Елнатаны йӕ адӕмимӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 26:22
10 Iomraidhean Croise  

Саулы амӕлӕты фӕстӕ паддзах сси Ахборы фырт Баал-Ханан.


Стӕй бафӕдзӕхста алчер Хилкиайӕн, Шафаны фырт Ахикамӕн, Михайы фырт Ахборӕн, нымӕрдар Шафанӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Асайайӕн:


Алчер Хилкиа, Ахикам, Ахбор, Шафан ӕмӕ Асайа ацыдысты сылгоймаг-пехуымпар, Йерусалимы ног хайы цӕрӕг Хулдамӕ. Йӕ мой, Хархасы байзӕддаг Тиквайы фырт Шаллум, уыди уӕлӕдарӕсы агъуысты уагдар. Ӕмӕ паддзахы минӕвӕрттӕ фарстой Хулдайы.


Кӕд паддзах мӕнг ныхӕстӕм хъусы, уӕд йӕ фӕсдзӕуинтӕ сты ӕнаккӕгтӕ.


Фыстӕг йӕ бынатыл сӕмбӕлын кӕнын бабар кодта Шафаны фырт Еласа ӕмӕ Хилкиайы фырт Гемариайӕн, Иудейы паддзах Цедекиа вавилойнаг паддзах Навуходоносормӕ кӕй арвыста, уыдонӕн.


Уый ныццыди паддзахы галуанмӕ, нымӕрдарты агъуыстмӕ. Уыцы рӕстӕг уым бадтысты уӕздӕттӕ: нымӕрдар Елишама, Шемайайы фырт Делаи, Ахборы фырт Елнатан, Шафаны фырт Гемариа, Хананиайы фырт Цедекиа ӕмӕ иннӕ уӕздӕттӕ се ’ппӕт дӕр.


Ӕрмӕстдӕр Елнатан, Делаи ӕмӕ Гемариа паддзахӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй чиныг ма басудза, фӕлӕ сӕм уый нӕ байхъуыста.


Йеремиамӕ арвыстой ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнджыты кӕртӕй рацӕуын кодтой. Ахикамы фырт, Шафаны фырты фырт Гедалиайӕн, йӕ хӕдзармӕ йӕ акӕн, зӕгъгӕ, бафӕдзӕхстой. Афтӕмӕй Йеремиа йӕ адӕмы ’хсӕн цӕргӕйӕ баззади.


Израилы хистӕртӕй ӕвдайы бӕрц лӕууыдысты сӕ разы, Шафаны фырт Иазани дӕр се ’хсӕн, афтӕмӕй. Алкӕй къухы дӕр сӕ уыди будсудзӕн, ӕмӕ буды хӕрздӕфы къуыбылӕйттӕ хӕрдмӕ цыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan