Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 26:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Фӕлӕ йӕ, ау, паддзах Езекиа ӕмӕ ӕппӕт иудейӕгтӕ уыцы ныхӕсты тыххӕй маргӕ акодтой? Ау, паддзах Дунедарӕгӕй нӕ фӕтарст ӕмӕ Йын лӕгъстӕ нӕ кодта? Ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Йӕ фӕндон аивта, цы фыдбылыз сын ӕрцӕттӕ кодта, уый сӕ аздӕхта. Мах та нӕхӕдӕг нӕхи фыдбылызы ӕппарӕм!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 26:19
26 Iomraidhean Croise  

Мӕлӕтхӕссӕг зӕд йӕ къух Йерусалим фесафынмӕ куы систа, уӕд Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кодта сахарӕн, нал Ӕй бафӕндыди бӕллӕх ӕруадзын. Зӕдӕн загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕруадз дӕ къух». Уыцы уысм мӕлӕтхӕссӕг зӕд уыди йевусаг Орнайы мусы сӕрмӕ.


Фӕлӕ паддзах Езекиа ӕмӕ пехуымпар Исайа, Амоцы фырт, ӕххуысагур сдзынӕзтой уӕларвмӕ,


«Цӕугӕут ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсут мӕн тыххӕй, стӕй ма, Израил ӕмӕ Иудейы сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдоны тыххӕй дӕр. Цы чиныг ссардӕуыд, уым цы фыст ис, уыдӕттӕн цы кӕнгӕ у? Уымӕн ӕмӕ нӕм Дунедарӕг тынг мӕсты у, нӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕджы ныхӕстӕ кӕй ницӕмӕ дардтой ӕмӕ Ӕгъдауы чиныджы домӕнтӕ кӕй не ’ххӕст кодтой, ууыл».


Ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ фӕнд аивта — Йӕ адӕммӕ цы бӕллӕхӕй ӕвзыста, уый амӕттаг сӕ нал фӕкодта.


Дунедарӕг рацӕуы Йӕ цӕрӕнӕй, цӕмӕй зӕххы цӕрджыты сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕра. Зӕхх равдисдзӕн, цы туг ыл ныккалдӕуыд, уый, нал басусӕг кӕндзӕн йӕ мӕрдты.


Езекиа уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, скодта сӕхъис ӕмӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ бацыд.


Ассирийы паддзах йӕ хистӕр дзагдары ӕрбарвыста цардӕгас Хуыцауӕн фидистӕ кӕнынмӕ. Тӕхуды ӕмӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, куы фехъусид, куыд ӕй фауынц, уый! Гъемӕ скув, удӕгас ма нӕ чи баззад, уыдоны тыххӕй».


Фӕлӕ зонут: куы мӕ амарат, уӕд уӕхи дӕр, стӕй ацы сахар ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр ӕнаххос адӕймаджы тугӕй фӕчъизи кӕндзыстут! Уымӕн ӕмӕ, ӕцӕг уын зӕгъын, ацы ныхӕстӕ уын хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕнынмӕ мӕн рарвыста Дунедарӕг».


Чи зоны, байхъусой, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза. Ӕмӕ уӕд аивдзынӕн Мӕ фӕндон, сӕ фыдракӕндты аххосӕй сыл цы бӕллӕх ӕруадзынмӕ хъавын, уый сын нал бавзарын кӕндзынӕн.


Ӕмӕ ныр Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уӕхиуыл ахӕм ӕвирхъау бӕллӕх цӕмӕн ӕфтаут? Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй уӕхи цӕмӕн хауын кӕнут, уӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ уӕ сылгоймӕгтӕ, уӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ уӕ ноггуырд сабиты цӕмӕн сафут, удӕгасӕй уӕ куыд мачиуал баззайа, афтӕ?


Ӕмӕ Дунедарӕг аивта Йӕ фӕндон. «Нӕ уыдзӕн уый» — загъта Дунедарӕг.


Бирӕ адӕмты сафгӕйӕ, фӕхудинаг кодтай дӕ хӕдзар, ӕмӕ дӕм уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕлӕты тӕрхон.


Уыцы заман Вефилы цӕрджытӕ Дунедарӕджы размӕ бакувынмӕ арвыстой Сарецеры ӕмӕ Регем-Мелехы се ’мбӕлттимӕ, цӕмӕй, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы Кувӕндоны цы сауджынтӕ ис, уыдоны, стӕй пехуымпарты бафӕрсой: «Бирӕ азты куыд уыдис, афтӕ ма мӕ фӕндзӕм мӕйы дӕр хъыг кӕнын ӕмӕ ком дарын хъӕуы ӕви нӕ?»


уыдон срухс сты ныр ацы тӕригъӕдджынты амардӕй; тӕнӕг сыфтӕ сӕ рацӕгъдӕнт нывондхӕссӕн ӕмбӕрзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы размӕ бахастой, ӕмӕ срухс сты. Развӕдзӕхстау уӕнт израилӕгтӕн!»


Уымӕ гӕсгӕ, зӕххыл цы раст адӕмы туг фӕкалди, уый уын иууылдӕр фидинаг фӕуыдзӕн: рӕстгӕнӕг Авелы тугӕй, суанг Кувӕндонӕй нывондхӕссӕны ӕхсӕн кӕй амардтат, уыцы Варахийы фырт Захариайы туджы онг.


Кӕд Хуыцауӕй у, уӕд та уӕ бон нӕ бауыдзӕн сӕ бауромын. Афтӕ ма рауайӕд, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ тохгӕнджытӕ суат».


Уыдон сыгъдӕджытӕ ӕмӕ пехуымпарты туг кӕй ныккалдтой, уый тыххӕй сын Ды туг бануазын кодтай — уый аккаг сты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan