Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 26:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уӕд уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕм загътой сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕн: «Ацы лӕг маринаг нӕу, уымӕн ӕмӕ немӕ дзырдта Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, номӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 26:16
19 Iomraidhean Croise  

Ахӕм рӕстӕг ды дӕ дзыхыл куы ныххӕцай, уӕд иудейӕгтӕн ӕндӕр ранӕй ӕххуыс уыдзӕн, ды та фесӕфдзынӕ, дӕ тъымы-тъымайӕн та дын „мӕн у“ зӕгъӕг дӕр нал уыдзӕн. Кӕд дӕм, мыййаг, паддзахы бадӕн ацы заманы тыххӕй ӕрхауд?»


Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.


Сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ уӕздӕттӕн, стӕй ӕппӕт адӕмӕн загътой: «Ацы адӕймагӕн марыны тӕрхон рахӕссын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ ацы сахары ныхмӕ пехуымпариуӕг кодта. Уый сымах фехъуыстат уӕхи хъустӕй!»


Уӕздӕттӕ, стӕй фидыд чи сарӕзта, уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ цагъарты суӕгъд кӕныныл ӕмӕ сӕ уацары мауал дарыныл сразы сты.


Уӕздӕттӕ Барухӕн загътой: «Ацу ӕмӕ Йеремиаимӕ уӕхи искуы бамбӕхсут, кӕм уыдзыстут, уый куыд ничи зона, афтӕ».


Ӕрмӕстдӕр Елнатан, Делаи ӕмӕ Гемариа паддзахӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй чиныг ма басудза, фӕлӕ сӕм уый нӕ байхъуыста.


Уӕздӕттӕ Йеремиамӕ смӕсты сты, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ нымӕрдар Йонатаны хӕдзары бамидӕг кодтой, уымӕн ӕмӕ уыцы хӕдзарӕй ахӕстон скодтой.


Сӕдӕйыхицау ӕмӕ Йесойы хъахъхъӕнджытӕ зӕххӕнкъуыст ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».


Махӕн раст бакодтой — нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ у нӕ тӕрхон, фӕлӕ уый ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта».


Цы ӕрцыди, уый сӕдӕйыхицау куы федта, уӕд, Хуыцауӕн кад кӕнгӕйӕ, загъта: «Ацы Адӕймаг ӕнӕмӕнг рӕстгӕнӕг уыди».


Ӕмӕ базыдтон: азымджын ӕй кӕнынц, се ’Гъдаумӕ чи хауы, ахӕм быцӕйуаг фӕрстыты, фӕлӕ мӕлӕты кӕнӕ ахӕстоны аккаг цы уа, ахӕм азым ӕм нӕ арынц.


Стыр хъӕлӕба систой. Фарисейты динамонджытӕй цалдӕр сыстади ӕмӕ загъд самадтой: «Ацы адӕймагмӕ мах ӕвзӕрӕй ницы уынӕм. Кӕд ын уыдӕттӕ мон кӕнӕ зӕд загъта, уӕд та?»


Фӕлӕ ӕз куыд сбӕрӕг кодтон, афтӕмӕй, амарӕн ӕй цӕй тыххӕй ис, ахӕмӕй ницы сарӕзта. Ӕрмӕст йӕхӕдӕг кесӕры тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ сфӕнд кодтон уымӕ арвитын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan