14 Ӕз та уӕ къухты дӕн, ӕмӕ уӕм хуыздӕр ӕмӕ растдӕр цы кӕсы, уый мын бакӕнут.
Нӕ дыл аудын, зӕгъгӕ, куы зӕгъа, уӕд дӕр мӕнӕ дӕн: растдӕр Ӕм куыд кӕсы, афтӕ мын бакӕнӕд».
Паддзах Иоас ферох кодта, Йехода йын цы хӕрзты бацыди, уый, ӕмӕ йын йӕ фырты амарын кодта. Уый ма мӕлгӕ-мӕлын сфӕрӕзта: «Дунедарӕг алцыдӕр уыны ӕмӕ мын мӕ туг райсдзӕн».
Фӕлӕ зонут: куы мӕ амарат, уӕд уӕхи дӕр, стӕй ацы сахар ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр ӕнаххос адӕймаджы тугӕй фӕчъизи кӕндзыстут! Уымӕн ӕмӕ, ӕцӕг уын зӕгъын, ацы ныхӕстӕ уын хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕнынмӕ мӕн рарвыста Дунедарӕг».
Паддзах Цедекиа сын дзуапп радта: «Уӕ бар ыл цӕуы. Сымах цы нӕ фӕнды, ахӕмӕй паддзахӕн йӕ бон саразын ницы у».
Фӕлӕ Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него паддзах Навуходоносорӕн дзуапп радтой: «Мах нӕхи дӕ разы нӕ раст кӕндзыстӕм.
Ныр мӕнӕ дӕ къухы стӕм, ӕмӕ дӕм хуыздӕр ӕмӕ растдӕр куыд кӕсы, афтӕ нын бакӕн».