Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 26:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Йеремиа уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн загъта: «Ацы хӕдзар ӕмӕ ацы сахары ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕнынмӕ, стӕй, цыдӕриддӕр фехъуыстат, уыдӕттӕ дзурынмӕ мӕн рарвыста Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 26:12
9 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ зонут: куы мӕ амарат, уӕд уӕхи дӕр, стӕй ацы сахар ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр ӕнаххос адӕймаджы тугӕй фӕчъизи кӕндзыстут! Уымӕн ӕмӕ, ӕцӕг уын зӕгъын, ацы ныхӕстӕ уын хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕнынмӕ мӕн рарвыста Дунедарӕг».


«Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты ӕрлӕуу ӕмӕ, Иудейы сахарты цӕрджытӕн, бакувынмӕ чи ӕрбацыди, уыдонӕн, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ иууылдӕр фехъусын кӕн, иу дзырд дӕр дзы ма фӕуадз.


Цӕуыл дзыназыс, зӕгъгӕ дӕ куы фӕрсой, уӕд-иу сын дзуапп ратт: ‚Цы фыдуац ӕрбацӕуы, уый тыххӕй‘. Алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс, уе ’ппӕтӕн дӕр уӕ уӕнгтӕ ӕркӕлдзысты ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ бамӕгуыр уыдзысты, фыр тӕссӕй бадонзоныг уыдзыстут. Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“».


Домбай куы ныррыха, уӕд чи нӕ фӕтӕрсдзӕн? Дунедарӕг Хуыцау куы зӕгъа, уӕд пехуымпар чи не суыдзӕн?


Фӕлӕ сын Петр ӕмӕ Иоанн дзуапп радтой: «Ахъуыды-ма кӕнут уӕхӕдӕг, Хуыцауы коммӕ нӕ, фӕлӕ уӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд уый Хуыцаумӕ раст фӕкӕсдзӕн?


Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дзуапп радтой: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan