Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 25:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уыдон уын дзырдтой: «Алчидӕр уӕ йӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ ныууадзӕд, ӕмӕ цӕрут, Дунедарӕг сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн мыггагмӕ кӕй радта, уыцы зӕххыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 25:5
20 Iomraidhean Croise  

Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн, ныр ӕрцӕуӕггагӕй кӕуыл цӕрыс, уыцы зӕхх, Ханааны зӕхх ӕнӕхъӕнӕй. Ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн уыдзынӕн сӕ Хуыцау».


Уӕхи ӕрӕхсут, ссыгъдӕг кӕнут уӕхи! Уӕ фыдракӕндтӕ Мын мауал уынын кӕнут, уе ’взӕр митӕ ныууадзут!


Уӕдӕ зӕгъ Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз уын цӕттӕ кӕнын фыдбылыз, уӕ ныхмӕ аразын фыдвӕнд. Алчидӕр уӕ йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадзӕд, уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут“.


Ӕппынӕдзух уӕм Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ ӕрвыстон: „Алчидӕр уӕ йӕ галиу фӕндаг ныууадзӕд, сраст кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ма кувут ӕндӕр хуыцӕуттӕм, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ уӕд, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл цӕрдзыстут“. Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъустат, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтат.


«Израил, куы раздӕхай, — зӕгъы Дунедарӕг, — куы Мӕм раздӕхай ӕмӕ де ’лгъӕгтӕ Мӕ разӕй куы айсай, хъеллау куынӕуал кӕнай ӕмӕ Дунедарӕгӕй ард куы бахӕрай, ӕцӕг ӕмӕ рӕстаг куы уа дӕ сомы, уӕд дӕ фӕрцы адӕмтӕ арфӕгонд уыдзысты ӕмӕ дӕ стаудзысты».


уӕд уӕ Ӕз ацы ран, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл, мыггагмӕ цӕргӕйӕ ныууадздзынӕн.


Уымӕ гӕсгӕ, Израилы адӕм, Ӕз сымахӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон кӕндзынӕн, цы фӕндагыл лӕууы, уымӕ гӕсгӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ ныууадзут уӕ раздӕры ӕппӕт тӕригъӕдтӕ, цӕмӕй уыдоны тыххӕй ма фесӕфат.


Зӕгъ сын: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕн нӕ фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдджын амӕла, уый. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра. Раздӕхут, уе ’наккаг митӕ ныууадзут! Израилы адӕм, уӕхи цӕмӕн сафут?“


Иудӕйы байзӕддаг та хатыргонд уыдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн — кард, ӕрдын, хӕст, бӕхтӕ ӕмӕ барджыты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, хъаруйӕ».


Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕгтӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan