Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 25:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уыцы зӕххӕн рагацау цы снысан кодтон ӕмӕ ацы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, Йеремиа ӕппӕт адӕмты тыххӕй рагуацы хуызы цыдӕриддӕр загъта, уыдон Ӕз иууылдӕр сӕххӕст кӕндзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 25:13
10 Iomraidhean Croise  

Гъе ахӕм хъысмӕт ис, Ӕз цы ныхас фӕзӕгъын, уымӕн дӕр. Пайда не ’рхӕсгӕйӕ Мӕм фӕстӕмӕ нӕ раздӕхы, фӕлӕ Мын сӕххӕст кӕны Мӕ фӕндон, саразы, цӕй тыххӕй йӕ рарвыстон, уый».


Абон дӕ Ӕз адӕмтӕ ӕмӕ паддзахӕдтӕй фӕуӕлдӕр кодтон, цӕмӕй ӕд уидаг тонай ӕмӕ сафай, дӕрӕн ӕмӕ афтид кӕнай, аразай ӕмӕ тауай».


«Мады гуыбыны дӕ нӕма сӕвзӕрын кодтон, афтӕ дӕ равзӕрстон, гуырд нӕма уыдтӕ, афтӕ дӕ адӕмтӕн пехуымпарӕй сӕвӕрдтон».


«Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: цыдӕриддӕр дын фехъусын кодтон, уыдон тухгӕ чиныджы ныффыс.


«Фыццаг хатт дӕм куы дзырдтон, Иосиайы заманӕй дын абоны онг Иудей, Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмты тыххӕй цыдӕриддӕр загътон, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыс.


Иудейы паддзах Иоакимӕн та зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ды ацы чиныг басыгътай ӕмӕ загътай: ‚Дзӕгъӕлы ныффыстай, Вавилоны паддзах ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн, ацы зӕхх сафтид кӕндзӕн ӕмӕ адӕмӕй, цӕрӕгойӕ се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзӕн!‘


Йеремиа фӕсидти Нериайы фырт Барухмӕ, ӕмӕ йын, Дунедарӕг цыдӕриддӕр дзырдта, уыдон иууылдӕр тухгӕ чиныджы ныффыссын кодта.


ПЕРЕС — „Дӕ паддзахад ныддихтӕ ис, лӕвӕрд цӕуы мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты къухтӕм“».


ӕмӕ паддзах сси мидиаг Дарий. Уыцы заман Дарийыл цыди ӕхсай дыууӕ азы.


Ӕмӕ мын загъдӕуыд: «Ды та бирӕ адӕмтӕ, знӕмтӕ, ӕвзӕгтӕ ӕмӕ паддзӕхты тыххӕй хъуамӕ ногӕй пехуымпар ныхас зӕгъай».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan