Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 25:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1-2 Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд вавилойнаг паддзах Навуходоносоры хицаудзинадыл цыди фыццаг аз. Уыцы заман пехуымпар Йеремиайӕн раргом ис ӕппӕт иудейӕгты фидӕн, ӕмӕ Йеремиа ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн фехъусын кодта:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 25:1
13 Iomraidhean Croise  

Мысыры паддзах Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн Иосиайы бӕсты паддзахӕй расидти йӕ иннӕ фырт Елиакимы. Ӕцӕг ын радта ног ном: Иоаким. Иоахазы та фараон Нехо Мысырмӕ уацары акодта.


Ӕмӕ йӕм Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕрбабырста, хъадамантӕ йыл скодта ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодта.


Дунедарӕг йемӕ ныхас кодта Иудейы паддзах Иоакимы, Иосиайы фырты, заманы дӕр, стӕй фӕстӕдӕр, суанг иудейаг паддзах Цедекиайы, Иосиайы фырты, хицаудзинады иуӕндӕсӕм азмӕ, цалынмӕ уыцы азы фӕндзӕм мӕйы Йерусалимы цӕрджыты уацары нӕ акодтой, уӕдмӕ.


Паддзах Цедекиа Иудейы дӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уыцы заман Навуходоносоры паддзахдзинадыл цыди ӕстдӕсӕм аз.


Иудейаг паддзах, Иосиайы фырт Иоакимы паддзахиуӕджы заман Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:


Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:


Мӕнӕ цы загъта пехуымпар Йеремиа Нериайы фырт Барухӕн, Иудейы паддзах, Иосиайы фырт Иоакимӕн, йӕ паддзахиуӕджы цыппӕрӕм аз уый уыцы ныхӕстӕ тухгӕ чиныджы куы ныффыста, уӕд:


Мысыры бӕстӕйы, мысыраг фараон Нехойы ӕфсады тыххӕй. Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман ӕй вавилойнаг паддзах Навуходоносор Каркемишы, Евфраты доны был, ныддӕрӕн кодта.


Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:


Паддзах Иоаким ӕртыккаг аз паддзахиуӕг кодта иудейаг бӕстӕйы. Уыцы заман ӕрбабырста Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕмӕ Йерусалимы сахарыл ӕрхъула кодта.


Дунедарӕг Иоакимы вавилойнаг паддзахы уацары бакодта. Навуходоносор Хуыцауы хӕдзары мигӕнӕнтӕн сӕ иу хай Шинары бӕстӕм аласта ӕмӕ сӕ йӕ хуыцауы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта.


Вавилойнаг паддзах Навуходоносор дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд федта ӕнахуыр фын. Уыйадыл катайы бацыд ӕмӕ йӕ хуыссӕг нал ахста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan