Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 24:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн суыдзысты стыр тас ӕмӕ бӕллӕхы ӕвирхъау дӕнцӕг, кӕдӕм сӕ фӕсурон, уыцы бӕстӕты ӕгад ӕмӕ фидиссаг суыдзысты, хынджылӕг сӕ кӕндзысты ӕмӕ сӕ ’лгъитдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 24:9
29 Iomraidhean Croise  

уӕд Израилы адӕмы рамӕрздзынӕн, цы зӕхх сын радтон, уымӕй, Мӕхи атигъ кӕндзынӕн, Мӕ номы сӕраппонд цы Кувӕндон срухс кодтон, ууыл дӕр, ӕмӕ Израилы адӕмыл худдзысты ӕмӕ сын фидис кӕндзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр.


уӕд Ӕз Израилы адӕмы сӕ бындзарӕй срӕдувдзынӕн Мӕ зӕххӕй, кӕй сын радтон, уымӕй. Стӕй Мӕ номыл цы Кувӕндон срухс кодтон, ууыл дӕр Мӕхи атигъ кӕндзынӕн, ӕппӕт адӕмтӕ йыл худдзысты ӕмӕ йыл цъыфкалӕн кӕндзысты.


Уымӕ гӕсгӕ уын Ӕз уӕ сауджынты сӕгад кӕндзынӕн, Йаковы байзӕддаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, Израилы ныффидиссаг кӕндзынӕн».


Ме ’взӕрстытӕ уӕ номӕй пайда кӕндзысты ӕлгъыстӕн, Дунедарӕг Хуыцау уӕ мӕлӕты хай бакӕндзӕн, Йӕ цагъартӕн та ратдзӕни ног ном.


Иудейы паддзах, Езекиайы фырт Менассиа, Йерусалимы цытӕ фӕкодта, уыдӕтты тыххӕй сӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн Ӕз ӕвирхъау дӕнцӕг сараздзынӕн».


Ӕз ацы сахар сафтид кӕндзынӕн ӕмӕ йӕ худинаджы бын фӕкӕндзынӕн. Йӕ цурты чидӕриддӕр ацӕуа, уый-иу, йӕ цӕфтӕм кӕсгӕйӕ, стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ ныкъкъуыззит кӕндзӕн.


Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахартӕн, сӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ уӕздӕттӕн — цӕмӕй сафтид уой ӕмӕ сӕ уындӕй алкӕй тасы ’фтауой, хынджылӕггаг ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕуой, ӕмӕ уыдӕттӕ ныридӕгӕн ӕвзарынц;


уӕд Ӕз ацы хӕдзарӕн, Силомӕн цы бакодтон, уый бакӕндзынӕн, ацы сахар ӕппӕт зӕххы адӕмтӕ куыд ӕлгъитой, афтӕ“».


Сӕ фӕдыл кард, стонг ӕмӕ рынимӕ зилдзынӕн, ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн ӕнӕуынон суыдзысты. Цы адӕмтӕм сӕ фӕсурдзынӕн, уыдоны ’хсӕн сӕ ӕлгъитдзысты, стыр тасы бацӕудзысты сӕ уындӕй, ӕлгъаг ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзысты,


Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Вавилоны цӕрӕг хаст иудейӕгтӕ, кӕрӕдзийы куы ӕлгъитой, уӕд дзурдзысты: „Дунедарӕг дын, Вавилоны паддзах арты кӕй сфизонӕг кодта, уыцы Цедекиа ӕмӕ Ахавы хъысмӕт бавзарын кӕнӕд!“


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ ныхасмӕ Мын кӕй нӕ байхъуыстат ӕмӕ уе ’фсымӕрты, уӕ хиуӕтты кӕй не ссӕрибар кодтат, уый тыххӕй уын Ӕз ныр лӕвар кӕнын сӕрибар, — зӕгъы Дунедарӕг, — сӕрибарӕй кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлыны фадат. Ӕз сымахӕй ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн ӕвирхъау дӕнцӕг сараздзынӕн!


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мӕ судзгӕ маст Йерусалимы цӕрджытыл куыд ныккалд, афтӕ сымахыл дӕр ныккӕлдзӕн, Мысырмӕ куы бацӕуат, уӕд. Ӕлгъитдзысты уӕ, уӕ уындӕй адӕмыл стыр тас ӕфтаудзыстут. Сӕгад уыдзыстут, уӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн, ӕмӕ ацы зӕхх никуыуал фендзыстут».


Мысырмӕ ацӕуын ӕмӕ уым ӕрцӕрын чи сфӕнд кодта, уыцы иудейӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны иууылдӕр фесафдзынӕн. Се ’ппӕт дӕр Мысыры амӕлдзысты, кард ӕмӕ стонгӕй се сӕфт ссардзысты, стырӕй, чысылӕй. Адӕмтӕ сӕ ӕлгъитдзысты, сӕ уындӕй сӕ стыр тасы ӕфтаудзысты, сӕгад уыдзысты, ӕмӕ сӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн.


Йерусалимы сахар куыд бафхӕрдтон, афтӕ, Мысыры зӕххыл чи ’рцарди, уыцы иудейӕгты дӕр кард, стонг ӕмӕ рынӕй бафхӕрдзынӕн.


Дунедарӕгӕн Йӕ бон нал уыд уӕ фыдракӕндтӕм, уе ’лгъаг митӕм кӕсын, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестад, ӕлгъитынц ӕй, йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтауы, ӕмӕ дзы иунӕг цӕрӕг дӕр нал баззад.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Адӕмы ’хсӕнмӕ сӕ ракӕнут, ӕмӕ сӕ амӕттаг фӕуӕнт, бастигъӕнт сӕ.


Аммонӕгты фӕдонтӕн зӕгъ: „Байхъусут Дунедарӕг Хуыцауы ныхасмӕ! Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ Кувӕндон кӕй фӕчъизи ис, Израилы зӕхх кӕй ныггӕныстон ӕмӕ иудейӕгтӕ хаст кӕй ӕрцыдысты, уыдӕттыл уӕхи худӕгӕй кӕй хӕссут,


«Адӕймаджы фырт! Тир Йерусалимы тыххӕй афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕгъа! Дзӕбӕх куы ныппырх ис, адӕмты кулдуар кӕй хонынц, уыцы сахар! Ныр мӕ амӕттаг бауыдзӕн. Уый ныггӕныстон, ӕз та схъӕздыг уыдзынӕн“, —


Уымӕ гӕсгӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Ӕз Мӕхӕдӕг сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ ӕмӕ дыл адӕмты раз Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн.


Дунедарӕг уӕ лидзӕг фӕкӕндзӕни уе знӕгты разӕй: иу фӕндагыл сӕ ныхмӕ ралӕудзыстут, авд фӕндагыл та сӕ разӕй лидздзыстут. Уӕ хъысмӕтӕй ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр ныккӕрздзысты.


Дунедарӕг уӕ цы адӕмтӕм фӕкӕна, уыдон-иу уӕ хъысмӕтӕй ныккӕрздзысты, ӕмбисондӕн уӕ хӕсдзысты ӕмӕ уыл худдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan