Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 24:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕмбаргӕ зӕрдӕтӕ сын ратдзынӕн, цӕмӕй Мӕ зоной, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый базоной. Уыдон суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ Мӕм зӕрдиагӕй раздӕхдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 24:7
32 Iomraidhean Croise  

уацары сӕ кӕдӕм акодтой, уыцы зӕххыл Дӕм се ’ргом зӕрдиагӕй куы раздахой ӕмӕ Дӕм куы кувой, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх раттай, цы сахар равзӕрстай ӕмӕ ӕз Дӕ номыл цы Кувӕндон сарӕзтон, уыдонмӕ се ’ргом куы саразой,


Ӕз загътон: «О Дунедарӕг, фӕлитой дзых, мӕнгард ӕвзагӕй мӕ бахиз».


Ӕз айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ фидар сарӕзтон зӕхх. Ӕмӕ Сионы цӕрджытӕн зӕгъын, сымах Мӕ адӕм стут! Фӕдзӕхсын уын, адӕмы рӕгъмӕ куыд хӕссат Мӕ уынаффӕтӕ. Ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ базыры бын бакӕндзынӕн».


Ӕз уын уӕ фыдӕлты Мысыры зӕххӕй, ӕфсӕйнаг тайынгӕнӕн куынцгомӕй, куы ракодтон, уӕд сын ацы фидыд ӕххӕст кӕнын бафӕдзӕхстон, загътон сын: Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут, цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсон, уыдӕттӕ кӕнут, ӕмӕ уыдзыстут Мӕ адӕм, Ӕз та — уӕ Хуыцау.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Вавилонӕн цы ӕвдай азы нысангонд ӕрцыд, уыдон куы фӕуой, уӕд уӕм ӕркӕсдзынӕн, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдтон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн — раздахдзынӕн уӕ ацы бынатмӕ.


Ӕмӕ Мӕм мӕнӕ Иудей, Израилы мӕнгард хо, раздӕхт, фӕлӕ зӕрдиагӕй нӕ, цӕстмӕ митӕ кодта ӕрмӕст, — зӕгъы Дунедарӕг.


Сымах суыдзыстут Мӕ адӕм, Ӕз та — уӕ Хуыцау».


Ӕрмӕст сын бафӕдзӕхстон: „Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут, ӕмӕ Ӕз уыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та — Мӕ адӕм. Цы уын фӕдзӕхсон, уыдӕттӕ кӕнут ӕмӕ ӕнӕмастӕй цӕрдзыстут“.


Уый фӕстӕ-иу зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн иннӕ адӕмтӕй, раздахдзынӕн уӕ, цы зӕххытыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй, ӕмӕ уын ратдзынӕн Израилы зӕхх.


цӕмӕй Израилы адӕм Мӕнӕй се ’ргом мауал аздахой, сӕ фыдракӕндтӕй сӕхи мауал фӕчъизи кӕной, фӕлӕ суой Мӕ адӕм, Ӕз та уон сӕ Хуыцау“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Ӕз та демӕ ногӕй сфидар кӕндзынӕн Мӕ фидыд, ӕмӕ уӕд базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Сӕхи нал фӕчъизи кӕндзысты сӕ хуыцаугӕндтӕм ӕмӕ сӕ гуымирытӕм кувынӕй, сӕ алы фыдракӕндӕй. Суӕгъд сӕ кӕндзынӕн, тӕригъӕды кӕм цыдысты, сӕ уыцы цӕрӕнбынӕттӕй, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уыдон суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та — сӕ Хуыцау.


Уыдонмӕ уыдзӕни Мӕ цӕрӕн, ӕмӕ Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм.


Уӕд Израилы адӕм базондзысты, ныр дӕр ӕмӕ фидӕнмӕ дӕр Ӕз Дунедарӕг, сӕ Хуыцау кӕй дӕн, уый.


Зӕхх ратдзӕнис хор, сӕн ӕмӕ оливӕйы сой. Ӕмӕ афтӕмӕй дзуапп ратдзынӕн Изреелӕн.


Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»


ӕрбакӕндзынӕн сӕ, ӕмӕ цӕрдзысты Йерусалимы. Уыдон уыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та сын уыдзынӕн иузӕрдион ӕмӕ раст Хуыцау.


Кӕддӕр сымах тӕригъӕды цагъартӕ уыдыстут, фӕлӕ, Хуыцауӕй бузныг, ныр уӕ зӕрдӕ радтат, цы ахуырад уын лӕвӕрд ӕрцыд, уымӕн.


Фӕлӕ уыдон тырныдтой хуыздӕрмӕ, ома уӕларвон бӕстӕм. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ дӕр ӕгад нӕ кӕсы Йӕхи уыдоны Хуыцау хонын, уымӕн ӕмӕ Уый уыдонӕн ӕрцӕттӕ кодта сахар.


Мӕнӕ, уыцы бонты фӕстӕ Израилы байзӕддагимӕ кӕй сараздзынӕн, уыцы Фидыд: сӕ зонды сын нывӕрдзынӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕтыл ныффысдзынӕн Ме ’гъдӕуттӕ, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.


Самуел сын загъта: «Кӕд зӕрдиагӕй раздӕхтыстут Дунедарӕгмӕ, уӕд ӕцӕгӕлон хуыцӕутты ӕмӕ Астартӕты уӕхицӕй аиуварс кӕнут, уӕ зӕрдӕ Дунедарӕгӕн раттут ӕмӕ иунӕг Уымӕн лӕггад кӕнут, ӕмӕ уӕ Уый филистимӕгтӕй фервӕзын кӕндзӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan