2 Иу чыргъӕды — рагафон чи ӕрзади, ахӕм рӕсугъд дыргътӕ, иннӕйы та — хӕдӕвзӕрдтытӕ, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрынмӕ нӕ бӕззыдысты.
Цы кӕнгӕ йын уыд, ӕмӕ йын Ӕз цы нӕ бакодтон? Ӕз хорз цупӕлттӕм ӕнхъӕлмӕ куы кастӕн, уӕд Мӕ сӕнӕфсирыл хъӕддаг гагатӕ цӕмӕн ӕрзад?
Израилы адӕм — Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕндон; Йӕ уарзон талатӕ — иудейӕгтӕ. Уый Раст тӕрхон агуырдта Йӕ адӕмӕй, фӕлӕ туг ныууарыди, рӕстдзинад сӕ домдта, фӕлӕ Йӕм мӕнӕ фӕдисхъӕр хъуысы.
«Ӕдзӕрӕг быдыры сӕнӕфсирау Ӕз ссардтон Израилы, сӕ фыдӕлтӕ Мын уыдысты легъуи бӕласы фыццаг дыргъау. Фӕлӕ Баал-Пеормӕ куы ацыдысты ӕмӕ сӕхи уыцы ӕлгъаг гуымирыйӕн куы снывонд кодтой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр сӕлгъаг сты уыйау.
Додойаг фӕдӕн! Цыма сӕрды бӕркад ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕнӕфсиртӕ ӕфснайд ӕрцыдысты, уыйау иунӕг гага дӕр никуыуал ис, рӕгъӕд дыргъы мур нал зыны бӕстыл.
Дӕ фидӕрттӕ сты легъуи бӕласы рӕгъӕд дыргъты хуызӕн: куы сӕ бауигъай, уӕд, чи сӕ хӕры, уымӕн йӕ дзыхмӕ ’рхаудзысты.
Дунедарӕгӕн хаст тыллӕджы сӕртӕ иууылдӕр дӕу сты. Дӕ бинонтӕй сыгъдӕг чи у, уыдонӕй дзы алкӕмӕн дӕр хӕрыны бар ис.
Сымах зӕххӕн йӕ цӕхх стут. Цӕххы ад куынӕуал уа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Адӕмы къӕхты бынмӕ аппарыны йеддӕмӕ ницӕмӕнуал бӕззы.