Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 23:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: «Цардӕгас у Дунедарӕг, Израилы фыртты Мысырӕй Чи ракодта, Уый!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 23:7
9 Iomraidhean Croise  

Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн, Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос, Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты, стӕй денджызгӕрон сахарты удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны.


Мацӕмӕй тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн ӕмӕ уе ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн скӕсӕнӕй дӕр ӕмӕ ныгуылӕнӕй дӕр.


Мӕ фыстӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны Ӕз цы бӕстӕтӕм фӕсырдтон, уырдыгӕй фӕстӕмӕ сӕ цӕрӕнбынатмӕ раздахдзынӕн, ӕмӕ та ногӕй сбирӕ уыдзысты.


Уымӕн ӕмӕ ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Мӕ адӕмы, Израил ӕмӕ Иудейы, уацарӕй раздахдзынӕн. Сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕхх радтон, уырдӕм сӕ ӕрбакӕндзынӕн, исбонӕн сын ӕй ратдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


уымӕн ӕмӕ Мын Ме ’взист ӕмӕ Мӕ сыгъзӕрин, Мӕ хӕзнатӕ, бахастат уӕ галуантӕм.


— Мысырӕй куы рацыдтӕ, уыцы заман куыд уыд, афтӕ та дын фенын кӕндзынӕн Мӕ диссӕгтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan