34 Ӕмӕ пехуымпартӕй, сауджынтӕй кӕнӕ адӕмӕй исчи Дунедарӕджы номӕй пехуымпариуӕг куы кӕна, уӕд ын Ӕз йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронты дӕр бафхӕрдзынӕн.
Йӕхи дӕр, стӕй йӕ байзӕддӕгтӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты дӕр Ӕз сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕрдзынӕн. Ӕз уыдонӕн, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, цы бӕллӕхтӕй сӕм ӕртхъирӕн кодтон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕм нӕ хъуыстой“».
Дӕ пехуымпартӕ дӕ фӕсайдтой: дӕ тӕригъӕдтӕм дын нӕ амыдтой! Уӕ, дӕу нӕ бахъахъхъӕдтой уацарӕй! Сӕ рагуацтӕ уыдысты мӕнг!
Рагуац Ниневийы тыххӕй. Елкошаг Наумы чиныг — цӕстылуайӕнты йын цы раргом ис, уый.
Ӕмӕ, исчи пехуымпариуӕг куы кӕна, уӕд ын йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад, йӕ ныййарджытӕ, зӕгъдзысты: «Ды хъуамӕ мард ӕрцӕуай, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй хъусын кӕныс мӕнг ныхӕстӕ». Ӕмӕ, пехуымпариуӕг кӕй кодта, уый тыххӕй йӕ амардзысты йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад, йӕ ныййарджытӕ.