Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 23:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Ӕз, сӕ мӕнг фынтӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхмӕ сыстдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сӕ фынтӕй ӕмӕ сӕ къӕйных мӕнг ныхӕстӕй Мӕ адӕмӕн сӕ зонд сзгъуыммӕ кодтой, афтӕмӕй сӕ Ӕз нӕ арвыстон ӕмӕ сын ахӕм бардзырд нӕ радтон. Уыдон ацы адӕмӕн ницы пайда ӕрхӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 23:32
24 Iomraidhean Croise  

Сымах та мӕ дзӕбӕх кӕнут мӕнгдзинадӕй, уе ’ппӕт дӕр стут ницӕйаг хосгӕнджытӕ!


Хъуымызбыл залымтӕ ӕфхӕрынц мӕ адӕмы, сылгоймӕгтӕ кӕнынц ӕлдариуӕг. Уӕ мӕ адӕм! Дӕ раздзӕуджытӕ дӕ рӕдийын кӕнынц, галиу фӕндагыл дӕ ардауынц.


адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ сӕ дзырддзӕугӕтӕ — сӕр, мӕнгпехуымпартӕ — дымӕг.


Ӕз федтон, самариаг пехуымпартӕ зондцухтау Баалы номӕй пехуымпариуӕг куыд кодтой ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы, Израилы, куыд фӕрӕдийын кодтой, уый.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: ма хъусут пехуымпарты ныхӕстӕм, сӕ рагуацтӕм, сайгӕ уӕ кӕнынц уыдон. Дунедарӕджы ныхӕстӕ уын нӕ дзурынц, фӕлӕ, сӕ цӕстытыл цы ауад, уыдӕттӕ.


Ӕз фехъуыстон, Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдоны ныхӕстӕ. Адӕмӕн фӕзӕгъынц: «Ӕз фын федтон! Ӕз фын федтон!»


Пехуымпарты ныхмӕ сыстадтӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ уыдон ӕрмӕст дзӕгъӕлдзырд кӕнынц, афтӕмӕй та дзурынц Дунедарӕджы номӕй.


«Хаст адӕммӕ ныффыс: Дунедарӕг нехеламаг Шемайайы тыххӕй афтӕ зӕгъы: Шемайа уын пехуымпариуӕг кӕй кодта, Ӕз ӕй нӕ арвыстон, афтӕмӕй уын мӕнг ныхӕстӕй ныфсытӕ кӕй ӕвӕрдта,


Сайӕн ныхӕстыл уӕ зӕрдӕ дарут, фӕлӕ уын уыдон ницы пайда ӕрхӕсдзысты.


Дӕ пехуымпартӕ дӕ фӕсайдтой: дӕ тӕригъӕдтӕм дын нӕ амыдтой! Уӕ, дӕу нӕ бахъахъхъӕдтой уацарӕй! Сӕ рагуацтӕ уыдысты мӕнг!


Кӕй бон ма у ӕрмӕст зӕгъын, цӕмӕй Йӕ ныхас сӕххӕст уа? Йӕ бар нӕ цӕуы алцӕуыл?


Йӕ пехуымпартӕ — ницӕйаг ӕмӕ мӕнгард, йӕ сауджынтӕ, уаз цы у, уыдӕттӕ фӕчъизи кодтой, Хуыцауы Ӕгъдау сӕ къӕхты бын ныссӕстой.


Хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ та сайгӕ кӕнынц; дӕснытӕ мӕнг цӕстылуайӕнтӕ уынынц ӕмӕ мӕнг фынтӕ дзурынц, ныфсытӕ ӕвӕрынц тутт ныхӕстӕй. Уымӕ гӕсгӕ адӕм фыстау сдзӕгъӕл сты, фыййау сын нӕй.


Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».


Ахӕм фӕнд мӕм кӕй уыди, уый мӕ рӕузондӕй у? Ӕви мӕм цы фӕндтӕ вӕййы, уыдон адӕймаджы зондӕй ӕвзӕрынц, ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг «о» ӕмӕ «нӕ» фӕзӕгъын, мыййаг?


Фӕлӕ пехуымпар, Ӕз кӕй нӕ загътон, уыцы ныхас Мӕ номӕй кӕнӕ ӕндӕр хуыцӕутты номӕй дзурын куы бауӕнда, уӕд ӕй марын хъӕуы“.


Ӕмӕ ӕрцахстӕуыди сырды, стӕй, сырды нысан йӕ уӕлӕ чи сӕвӕрдта ӕмӕ йын йӕ сурӕтмӕ чи куывта, стӕй, уыдоны асайыны тыххӕй сырды раз диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнгпехуымпары. Сӕ дыууӕйы дӕр удӕгасӕй ныппӕрстӕуыди судзгӕ сондоны цады.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan